Багаты Амираны къордыл киноныв раивдзысты уырыссаг æвзагмæ

© фото из архива Л.Парастаевой2008 аз
2008 аз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2008 азы хæсты ирон лæппуты хъайтардзинадыл таурæгъгæнæг документалон фильм уырыссагау равдисдзысты адæмы иудзинады бон Цхинвалы

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны националон киностуди "Allonfilm" раивдзæн уырыссаг æвзагмæ 2008 азы августы хæсты ирон лæппуты хъайтардзинадыл фильм "Фарастæй иумæ". Киностудийы директор Мамиты Григорий радзырдта Sputnik, уырыссаг верси цæттæ кæй уыдзæн Хуссар Ирыстоны Адæмон иудзинады бонмæ – 23 ноябрьмæ.

Джиоты Азæмæт æмæ Багаты Амиран - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Фарастæй иумæ": Цхинвалы равдисдзысты Багаты Амираны къордыл киноныв

35 минутон документалон лентæ таурæгъ кæны Хъахъхъæнынады министрады разæсгарæн къорды разамонæг Багаты Амиран æмæ йе 'мтохгæнджыты хъæбатырдзинадыл.

"23 ноябры Хуссар Ирыстон нысан кæндзæн Хъайтардзинад æмæ адæмы иудзинады бон. Бæрæгбон нын балæвар кодтой æндæр хъæбатыр лæппутæ, фæлæ уыдон дæр уыцы зондахастыл хæст уыдысты æмæ иу идеалтыл тох кодтой. Ацы бонмæ нæ фæнды саразын кинонывы равдыст университет æмæ ПККЗ "Чермены", — загъта Мамиты Григорий.

Уый ма радзырдта, документалон кино уырыссаг æвзагыл æнцондæр кæй уыдзæн размæ кæнын кинофестивальтæм.

"Тынг бирæ адæмы нырма дæр фæнды бакæсын фильммæ, мах куыст кæй у, уый тыххæй нæ, фæлæ адæмы цымыдис кæны ацы лæппуты сгуыхтдзинад. Фæскадрон текст бакаст Щукины номыл Мæскуыйы театралон ахуыргæнæндоны рауагъдон Тадтаты Дмитрий. Ныр уырыссаг æвзагмæ ивдæй уый æнцондæр уыдзæн æвдисын фестивальты дæр", — бафтыдта уый.

Хъахъхъæнынады министрады разæсгарæн къорды командир Багаты Амиран йæ къордимæ 2008 азы хæсты æрлæууыд столицæмæ ныгуылæнæй бырсæг гуырдзиаг æфсæддонты раз.

Sputnik равдыстой фильм дывæр агент Колыты Иналыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Мæлæтимæ хæснаг": Sputnik равдыстой фильм дывæр агент Колыты Иналыл

Уыцы къорд фараст адæймаджы скондæй æрурæдта æфсады æрбабырст. Хæсты архайджыты æвдисæнтæм гæсгæ, знаджы хотыхджын æфсады нымæц хызт фондз сæдæйæ.

Багаты Амиран æмæ йе 'мкусæг Джиоты Азæмæт (Пантера) фæмард сты ацы тохы. Сæ амæлæты фæстæ уыдон хорзæхджын æрцыдысты бæстæйы уæлдæр æфсæддон хорзæх "Уацамонгæ"-йæ. 2008 азы августы хæстыл дæс азы сæххæсты бонмæ дыууæ зынгхуыст хъайтар сæ мæлæт цы бынаты ссартой, уым се ʻмгæрттæ сæвæрдтой цырттæ.

Киностуди "Allonfilm"-ы сконды Мамиты Григорийæ дарддæр архайынц Бестауты Юля, Хаситы Михаил, Цхуырбаты Сергей æмæ æндæртæ. Амæй размæ ма киностуди систа документалон фильм Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПӔК) æнæштатон кусæг, дывæр агент Колыты Иналы цардвæндагыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0