Хуссар Иры тӕрхонгӕнджытӕ фӕбӕрзонддӕр кӕндзысты сӕ квалификаци Мӕскуыйы

© Пресс-служба посольства РЮО в РФХуссар Иры тӕрхонгӕнджытӕ фӕбӕрзонддӕр кӕндзысты сӕ квалификаци Мӕскуыйы
Хуссар Иры тӕрхонгӕнджытӕ фӕбӕрзонддӕр кӕндзысты сӕ квалификаци Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр тӕрхондоны сӕрдар ӕрдзырдта дарддӕры ӕмгуыстадыл уӕрӕсейаг рӕсттӕрхоны университетимӕ

ЦХИНВАЛ, 19 дек — Sputnik. Мӕскуыйы фембӕлдысты Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр тӕрхондоны сӕрдар Коцты Олеся ӕмӕ УФ рӕсттӕрхоны университеты ректор Валентин Ершов, хъусын кӕны РХИ минӕварады пресс-службӕ. Фембӕлд ацыд 2018 азы 19 декабры Уӕрӕсейы паддзахадон рӕсттӕрхоны университеты.

Коцты Олеся ӕрдзырдта ректоримӕ дарддӕры ӕмгуыстады фарстытыл, афтӕ ма ӕмархайды фӕдыл бадзырд бафыссыныл.

Ныртӕккӕ дӕр, дыууӕ бӕстӕйы тӕрхондоны системӕты ӕмархайды руаджы, рӕсттӕрхоны университеты фылдӕр кӕнынц сӕ квалификаци горӕты, районты ӕмӕ арбитражон тӕрхондӕтты тӕрхонгӕнджытӕ.

Коцты Олеся загъта бузныг Валентин Ершовӕн фембӕлды тыххӕй ӕмӕ фидарӕй загъта, дарддӕр кӕй ӕмгуыстад кӕндзысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0