Зæрæдты хæдзар ацæудзæн ног бынатмæ

© Sputnik / Фатима Плиева Пансионат "Забота" Цхинвалы
Пансионат Забота  Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Социалон уагдоны ныридæгæн цæры 16 адæймаджы, зæрæдты хæдзар ног бæстыхаймæ куы ахиза, уæд йæ бон уыдзæн райсын фылдæр адæм

ЦХИНВАЛ, 8 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Низæфхæрд адæмы æмæ зæрæдты хæдзар "Забота" январы ацæудзæн ног бæстыхаймæ. Ног хæдзар самадтой Инвестицион нывæзты фæлгæтты сæйраг сахармæ æрцæуæны, фехъусын кодта Sputnik пансионаты директор Теблойты Чермен.

Архайгæ бæстыхай Цхинвалы Хъайтарты уынджы кæрон ис кæлæддзаг уавæры.

Яблоки Сатикар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лæвар дыргътæ: интернат райста æххуыс Кæсæгæй

"Самадтой ног бæстыхай, æнхъæлмæ кæсæм уырдæм ахизынмæ. Афтæ хъуыды кæнын, январы кæрон уыдзыстæм ног хæдзары. Пансионат арæзт æрцыд горæтмæ æрцæуæны галиу фарс, бынат дæр хорз у, уавæртæ дæр. Агъуыст арæзт æрцыд нырыккон барæнтæм гæсгæ, баххæст æй кодтой медицинон ифтонгадæй. Ам уыдзæн хорз фадæттæ цæрынæн æмæ кусынæн", — загъта Теблойты Чермен.

Директор ма банысан кодта, уагдоны ныридæгæн кæй цæры 16 адæймаджы.

"Ис нæм тынг бирæ куырдиæттæ, фæлæ сæ нæ бон райсын нæу. Ног бынатмæ ацæугæйæ нæ бон суыдзæн æрфысым кæнын ноджы фылæр адæмы", — бафтыдта уый.

Амæй размæ фехъусын кодтой, объект эксплуатацимæ раттыны фæстæ кæй бакæндзысты уæлæмхас штаттæ, пансионат нымад у 35 адæймагыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0