Цхинвал ӕнхъӕлмӕ кӕсы балеты рцыдмӕ

© Sputnik / Анна Волкова /  Ахизын медиабанкмæБалеты артистка
Балеты артистка - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Балеты изӕры Цхинвалы архайдзысты Мӕскуыйы балеты ӕмӕ Санкт-Петербурджы Мариинаг театры стъалытӕ

ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хетӕгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры сценӕйыл фыццаг хатт ацӕудзӕн балеты изӕр, фехъусын кодтой Sputnik Культурӕйы министрады пресс-службӕйы.

Культурон мадзал ацӕудзӕн 23 марты Культурӕйы министрадимӕ сразыдзинады фӕлгӕтты.

"Фыццаг хатт Хуссар Ирыстоны паддзахадон театр ӕрфысым кӕндзӕн балет. Къорд кусдзӕн иу изӕр. Ам фенӕн уыдзӕн классикон хореографийы шедевртӕ балеттӕ - "Лебединое Озеро", "Корсар", "Щелкунчик", "Пламя Парижа", "Дон Кихот"-ӕй", - загътой уагдоны.

Изӕры архайдзысты Мӕскуыйы балеты ӕмӕ Санкт-Петербурджы Мариинаг номыл театры стъалытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0