"Iron": Уæрæсейы боксы Федераци систа фильм Гасситы Мурӕтыл

© instagram/murat_gassievГасситы Мурӕт
Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
20 минутон киноныв фенӕн ис YouTube сæрмагонд каналы

ЦХИНВАЛ, 6 мар — Sputnik. Дунейы экс-чемпион боксæй IBF æмæ WBA верситæм гæсгæ Гасситы Мурæтыл Уæрæсейы боксы Федераци систа фильм "Iron". Киноныв фенӕн ис YouTube сæрмагонд каналы.

20 минутон кинонывы ӕвдыст цӕуы иууыл зындгонддӕр ирон боксеры фӕндаг спортивон бӕрзӕндтӕм ӕмӕ йӕ сабибонты цард йӕхи мысинӕгтӕм гӕсгӕ.

Экс-чемпион дзуры йӕ сабибонтӕ цы уавӕрты цыдысты, цы бынӕтты цард, куыд тох кодтой бинонтӕ мæгуырдзинадимӕ. Гасситы Мурӕт ма дзуры йӕ ныхмӕлӕуджыты тыххӕй – куыд тох кодтой ӕмӕ йыл цы тӕлмӕнтӕ ныууагътой, стӕй йӕ дарддӕры нывӕзтыл спорты.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæнæм, фæстаг хатт дунейы экс-чемпион рингмæ рацыд 2018-æм азы июлы. Уæд, Мæскуыйы æппæтдунеон боксерон сериийы финалы фæхæрд украинаг боксер Александр Усикæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0