Бибылты Анатолий: РХИ ӕмӕ УФ адӕмты хсӕн монон бастдзинад фидар кӕндзӕн

© Sputnik / Евгений БиятовРХИ президент Бибылты Анатолий
РХИ президент Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Мӕскуыйаг ӕмӕ ӕппӕт Уӕрӕсейы Патриарх Кириллӕн йӕ номыбоны цытӕн

ЦХИНВАЛ, 24 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий банысан кодта, Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы адӕм баст кӕй сты рӕстдинон хӕзнатӕй. Уый тыххӕй дзырдӕуы президенты арфӕйы телы Патриарх Кириллӕн йӕ номыбоны цытӕн, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Ныфс мӕ ис, Дӕ хайадисты руаджы Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы адӕмты хсӕн монон бастдзинад кӕй сфидар ӕмӕ райтынг уыдзӕн", - дзырдӕуы арфӕйы телы.

Афтӕ ма президенты цӕст бауарзта Патриархӕн ӕнӕниздзинад, бирӕ царды бонтӕ ӕмӕ ӕнтыстытӕ йӕ куысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0