Хуссар Иры делегаци хайад исы форум "Парламентаризмы райрæзт"-ы Мæскуыйы

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæФорум "Парламентаризмы райрæзт" Мæскуыйы
Форум Парламентаризмы райрæзт Мæскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы минæвæрттæ парламенты спикер Тадтаты Аланы сæргълæудæй ацыдысты Уæрæсейы столицæмæ кусæгон балцы хуыцаубоны

ЦХИНВАЛ, 1 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци ацыд уæрæсейаг сæйраг горæтмæII æхсæнадæмон форум "Развитие парламентаризма"-йы хайад райсынмæ. Мадзал цæудзæн Мæскуыйы 1-3 июлы, хъусын кæны Паддзахадон думæйы сайт.

"Ацы егъау мадзалæн ис æхсæнадæмон æмвæзад, уый йæ фæзуатыл æртымбыл кæндзæн 130 бæстæйы минæвæртты - 800 парламентарий æмæ эксперты", - дзырдæуы хъусинаджы.

Уымæй дарддæр ма форумы хайад райсдзысты националон парламенты 41 спикеры, се хсæн Хуссар Ирыстоны паралменты спикер Тадтаты Алан.

Мадзалы инициатор у УФ Паддзахадон думæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0