Хуссар Ир æмæ Абхаз бафысдзысты æхсæнадæмон автомобилон бастдзинады бадзырд

© Пресс-служба президента РЮОИрыстон æмæ Абхазы тырысатæ
Ирыстон æмæ Абхазы тырысатæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Документ бафысдзысты Абхазмæ Хуссар Ирыстоны делегацийы балцы рæстæджы

ЦХИНВАЛ, 1 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хицауадтæ бафысдзысты æхсæнадæмон автомобилон бастдзинады фæдыл бадзырд. Уый тыххæй хъусын кæны Абхазы транспорты фæдыл паддзахадон управленийы пресс-службæ.

"Абхазы рдыгæй документыл йæ къухфыст сæвæрдзæн транспорты фæдыл паддзахадон управленийы хистæр Робестан Габлия, Хуссар Иры рдыгæй та - сæудæджерад, энергетикæ æмæ транспорты комитеты сæрдар Санахъоты Батрадз", - дзырдæуы хъусинаджы.

Хуссар Ирыстоны делегаци ацæудзæн кусæгон балцы Абхазмæ 24 июлы.

Ног хабӕртты лентӕ
0