Мӕскуыйы ирон диаспорӕ банысан кодта Хетӕджы бон

© Пресс-служба Московской осетинской общиныМӕскуыйы ирон диаспорӕ банысан кодта Хетӕджы бон
Мӕскуыйы ирон диаспорӕ банысан кодта Хетӕджы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мӕскуыйы ӕрӕмбырд сты Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй рацӕугӕтӕ, цӕмӕй банысан кӕной ирӕтты иууыл сӕйрагдӕр бӕрӕгбӕттӕй иу

ЦХИНВАЛ, 15 июл - Sputnik. Мӕскуыйы ирон диаспорӕйы хъӕппӕрисӕй ацыд Хетӕджы боны бӕрӕгбон, кӕцы традицимӕ гӕсгӕ нысан кӕнынц июлы дыккаг хуыцаубоны, хъусын кӕны диаспорӕйы пресс-службӕ.

Мӕскуыйы ӕрӕмбырд сты Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй рацӕугӕтӕ, цӕмӕй банысан кӕной ирӕтты иууыл сӕйрагдӕр бӕрӕгбӕттӕй иу. Мӕскуыйаг диаспорӕйы Советы уынаффӕмӕ гӕсгӕ бӕрӕгбоны нӕ уыд нозт.

"Алкӕцы бӕрӕгбон дӕр нӕ адӕмӕн, сӕйраджыдӕр, у куывд Хуыцаумӕ. Адӕм ӕмӕ Хуыцауы хсӕн бастдзинад уыдзӕн, цалынмӕ фынгыл уа ӕртӕ уӕлибыхы ӕмӕ цалынмӕ ис Нарты фӕдонтӕ, кӕцытӕ кувынц ӕмӕ ӕххӕст кӕнынц сӕ фыдӕлты ӕгъдау", - банысан кодта Мӕскуыйаг ирон диаспорӕйы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Абайты Алан.

Бӕрӕгбонмӕ фӕхуыдтой ӕрмӕст диаспорӕйы минӕвӕртты нӕ, фӕлӕ ма ӕндӕр ӕхсӕнадон организациты минӕвӕртты дӕр.

Хуссар Иры сӕргълӕууӕг хайад райста Хетӕджы бӕрӕгбоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сӕргълӕууӕг хайад райста Хетӕджы бӕрӕгбоны

"Хетӕджы бон у нӕ культурӕ ӕмӕ нӕ цард. Ахӕм нысаниуӕгджын мадзӕлттӕ ӕрбаиу кӕнынц нӕ ӕмбӕстӕгты, афтӕ ма сты ахсджиаг, цӕмӕй сфидар кӕной бастдзинад Ирыстон ӕмӕ нӕ бӕстӕйы ӕндӕр регионты хсӕн", - загъта Уӕрӕсейы Федерацийы Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министры хӕдивӕг Гаглойты Арсен.

Хетӕджы бон Къохмӕ кувынмӕ ӕрцӕуынц дӕсгай мин адӕм. Таурӕгъмӕ гӕсгӕ ам бирӕ ӕнусты размӕ Хетӕг скуывта Хуыцаумӕ ӕмӕ фервӕзт йе знӕгтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0