Мӕскуыйы ссыгътой цырӕгътӕ Хуссар Иры 2008 азы хӕсты амӕттӕгтӕн

© Sputnik / Алексей КовалевФыдохы мадзал
Фыдохы мадзал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мысӕн акци, кӕцы уыд нывонд Хуссар Ирыстоны ныхмӕ Гуырдзыстоны агрессийы радон афӕдзыбонӕн, ацыд республикӕйы минӕварады территорийыл

ЦХИНВАЛ, 8 авг - Sputnik, Диана Уалион. Хуссар Ирыстоны тырыса, кӕцы фӕйлауы республикӕйы минӕварады бӕстыхайы сӕрмӕ Мӕскуыйы, абон, фыдохы боны, ӕруагътой бынмӕ.

Фыдохы мадзал, кӕцы нывонд у 2008 азы августы гуырдзиаг агрессийыл 11 азы сӕххӕстӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ссардтой 2008 азы агрессийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Бӕстыхайы цурмӕ ӕрӕмбырд сты адӕм, цӕмӕй ӕрымысой, 2008 азы хӕсты чи нӕ аирвӕзт, уыдон рухс нӕмттӕ: ссыгътой цырӕгътӕ, хастой дидинджытӕ, мысыдысты уыцы ӕбуалгъ хӕсты цаутӕ.

Хуссар Иры минӕвар Гасситы Знауыр радзырдта журналисттӕн гуырдзиаг акци "Чистое поле"-йы тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, уый кӕй уыд 1920-ӕм ӕмӕ 1990-ӕм ӕзты геноциды дарддӕрдзу.

"Нӕ адӕм цагъды нӕ баййӕфтой ӕрмӕстдӕр уӕрӕсейаг фидауынгӕнджытӕ, хӕстон дӕлхайӕдтӕ ӕмӕ ирон ӕфсӕддонты фӕрцы", - банысан кодта минӕвар.

Йӕ раныхасы кӕронбӕттӕны Гасситы Знауыр банысан кодта, Гуырдзыстон абон дӕр кӕй нӕ уадзы ирон адӕмӕн радон геноцид саразыны фӕлвӕрдтытӕ.

© Sputnik / Диана УалионМӕскуыйы ссыгътой цырӕгътӕ Хуссар Иры 2008 азы хӕсты амӕттӕгтӕн
Мӕскуыйы ссыгътой цырӕгътӕ Хуссар Иры 2008 азы хӕсты амӕттӕгтӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мӕскуыйы ссыгътой цырӕгътӕ Хуссар Иры 2008 азы хӕсты амӕттӕгтӕн

Мысӕн мадзӕлттӕ Мӕскуыйы цӕудзысты дыууӕ боны дӕргъы. Чырысти Ирвӕзынгӕнӕджы аргъуаны Алайнаг кӕрты уагъд ӕрцӕудзӕн панихидӕтӕ фӕмардуӕвджыты номыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0