Хуссар æмæ Цæгат Иры социалон хызæгты æмбырд кæнынц æхца Хъараты Аланæн операцийæн

© 15-регионХъараты Алан
Хъараты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Номдзыд сумоист Цæгат-Кавказаг бирæпрофилон медицинон центрмæ уæззау уавæры бахауд январы

ЦХИНВАЛ, 12 авг — Sputnik. Интернеты ирон сегменты ацы бонты сидынц зынгæ ирон спортсмен, сумоист Хъараты Аланæн æхца æртымбыл кæныны фæдыл, кæцыйы хъæуы зынаргъ æмæ вазыгджын операци Германийы.

Ирон сумоист Хъараты Аланы рафысдзысты рынчындонӕй    - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон сумоист Хъараты Аланы рафысдзысты рынчындонӕй

Номдзыд сумоист Цæгат-Кавказаг бирæпрофилон медицинон центрмæ уæззау уавæры бахауд январы. Дохтыртæ йын сарæзтой æртæ операцийы, се 'хсæн тынг вазыгджын операци зæрдæйыл, кæцы цыд 16 сахаты. Уый фæстæ Алан фæхуыздæр ис, хъавыдысты йæ рынчындонæй рафыссынмæ дæр.

Спортсмены бинонтæ бахатыдысты цæрджытæм, цæмæй сын баххуыс кæной æхцайы фæрæзтæй - рынчыны хъæуы  зынаргъ операци. Ирон сумоисты фарсмæ ма æрбалæууыд уæрæсейаг популярон зарæггæнæг Анна Семенович дæр.

"Хъысмæт фæлвары чемпионы тыхтæ! Ног уæззау диагноз æмæ та Хъараты бинонты хъæуы æххуыс! Дзырд цæуы бонтыл, хъæуы зынаргъ операци Германийы, уый бафидын та хуымæтæг адæмæн сæ бон не суыдзæн", - ныффыста уый йæ фарсыл социалон хыз Instagram-ы.

Семенович æрсидт адæммæ, цæмæй Хъараты бинонты уæзау хабары иувæрсты ма ахизой, фæлæ сæм фæкæсой, кæмæн йæ бон куыд у, афтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0