Ирыстоны культурӕйы бон ацӕудзӕн Мӕскуыйы

© Sputnik / Евгений ОдиноковИрыстоны культурӕйы бон ацӕудзӕн Мӕскуыйы
Ирыстоны культурӕйы бон ацӕудзӕн Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывӕллӕтты националон фестивалы фӕлгӕтты Мӕскуыйаг ногдзауты галуаны радзурдзысты ирон адӕмы ӕгъдӕуттӕ, традицитӕ ӕмӕ культурӕйы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 22 ноя - Sputnik. Мӕскуыйаг ногдзауты галуаны стыр концертон залы "Воробьевы горы"-йы сывӕллӕтты фестиваль "Мой дом - Москва"-йы фӕлгӕтты 7 декабры ацӕудзысты мастер-класстӕ, равдысттӕ ӕмӕ лекцитӕ, кӕцытӕ базонгӕ кӕндзысты уазджыты ирон адӕмы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традицитимӕ, хъусын кӕны горӕт Мӕскуыйы ахуырад ӕмӕ зонады департамент.

Эрмитаж - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыццаг хатт Эрмитажы: ФХМ сæргълæууæг "Ирыстоны бонты" тыххæй Петербурджы

Культурон мадзалы уазджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ирон атрибутикӕйы экспозици, этнографион равдыст, кавказаг адӕмон кафты мастер-класстӕ, ирон кафты историйы фӕдыл лекцитӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Афтӕ ма Ирыстоны культурӕйы боны фӕлгӕтты ацӕудзӕн концерт, цы ран хайад райсдзысты адӕмон кафты ансамбльтӕ Allon, "Архон", "Арт", "Алания" ӕмӕ Мӕскуыйаг эстетикӕ ӕмӕ рӕсугъддзинады центр "Катюша".

Ирыстоны культурӕйы боны организатор у ног технологиты социалон ӕмӕ культурон фадгуытӕм размӕ кӕныны Ӕхсӕнадӕмон фонд "Паддзахад Алани".

Националон культурӕты мӕскуыйаг сывӕллӕтты фестиваль "Мой дом — Москва" уагъд цӕуы Мӕскуыйаг ногдзауты галуаны 2016 азӕй фӕстӕмӕ. Йӕ хӕслӕвӕрд у равдисын адӕмон сфӕлдыстады хъӕздыгдзинад ӕмӕ рӕсугъддзинад, афтӕ ма райтынг кӕнын ӕхсӕнкультурон диалог.

Ног хабӕртты лентӕ
0