Хуссар Иры расидтысты конкурс ирæтты геноциды 100 азы эмблемæ саразыны фæдыл

© Sputnik / Наталья АйриянХицауды хæдзар
Хицауды хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Раздæр президенты барамындмæ гæсгæ ацы аз расидт æрцыд Гуырдзыстоны хицауады ʻрдыгæй 1920 азы ирон адæмы геноциды амæттæгты мысæн азæй

ЦХИНВАЛ, 30 янв - Sputnik. Ирон адæмы геноциды мемориализацийы фæдыл къамис уадзы сфæлдыстадон конкурс ирæтты геноциды 100 азмæ эмблемæ саразыны фæдыл.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирæтты геноцид банымайыны фæдыл Думæйы къамис ауадздзæн рабадт Цхинвалы

Уагæвæрдмæ гæсгæ, эмблемæ саразыны фæдыл конкурс цæуы Гуырдзыстоны хицауад 1920 азы ирон адæмæн цы геноцид сарæзта, уый амæттæгты ном сæнусон кæныны фæдыл мадзæлтты фæлгæтты.

Конкурсы æмгъуыд: 2020 азы 30 январæй 18 февралы онг. Куырдиæттæ ист цæудзысты 14 февралы онг.

Алкæцы архайæгæй дæр ист цæуы эмблемæйы æртæ проекты онг. Авторон бартæ хъуамæ уой архайæгæн йæхи, искæй куыстæй спайда кæныны бар нæй.

Конкурсæн хатдзæгтæ скæндзысты 18 февралы онг. Конкурсы уæлахиздзауыл нымад цæуы, жюри кæй логотип равзара, уый. Призертæй нымад æрцæудзысты æртæ архайæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0