Адæмы фидыц: президент дидинтæ сæвæрдта ирон литературæйы патриархы цыртыл

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент дидинтæ сæвæрдта ирон литературæйы патриархы цыртыл
Президент дидинтæ сæвæрдта ирон литературæйы патриархы цыртыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц Джусойты Нафийы райгуырдыл 95 азы сæххæст.Паддзахады сæргълæууæг сæвæрдта дидинтæ академикы монументмæ, кæцы ис Национ пантеоны

ЦХИНВАЛ, 27 фев - Sputnik. Зынгӕ ахуыргонд ӕмӕ фыссӕг Джусойты Нафи – ирон адæмы фидыц, йæ курдиат ногæй æмæ ногæй кæндзысты суинаг фæлтæртæ, загъта президент Бибылты Анатолий ирон литературæйы патриархы цыртыл дидинтæ æвæрыны рæстæджы.

Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц Джусойты Нафийы райгуырдыл 95 азы сæххæст. Паддзахады сæргълæууæг сæвæрдта дидинтæ академикы монументмæ, кæцы ис Национ пантеоны.

"Нафи – æппæт ирон адæмы сæрыстырдзинад", – загъта Бибылты Анатолий журналисттæн.

Уый банысан кодта, Нафийæн ис стыр хайбавæрд ирон литературæмæ.

"Ӕз афтæ хъуыды кæнын, радон фæлтæртæ ногæй æмæ ногæй кæндзысты зынгæ ахуыргонды зонындзинæдты бирæварсондзинад, йæ куыстыты фæрцы та кæндзысты зонад", - загъта Бибылты Анатолий.

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстоны нысан кæнынц Джусойты Нафийы райгуырдыл 95 азы сæххæст.Паддзахъады сæргълæууæг сæвæрдта дидинтæ академикы монументмæ, кæцы ис Национ пантеоны
Адæмы фидыц: президент дидинтæ сæвæрдта ирон литературæйы патриархы цыртыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц Джусойты Нафийы райгуырдыл 95 азы сæххæст.Паддзахъады сæргълæууæг сæвæрдта дидинтæ академикы монументмæ, кæцы ис Национ пантеоны

Хуссар Ирыстоны президенты барамындæй 2017 азы июны сарӕзтӕуыд Националон пантеон. Уæд барамынд бафыссынӕй цалдӕр бон раздӕр Дзӕуджыхъӕуы йӕ цардӕй ахицӕн ирон интеллигенцийы ирд минӕвар, зынгӕ ахуыргонд ӕмӕ фыссӕг Джусойты Нафи. Фыццаг Националон пантеоны бавӕрдтой Джусойты Нафийы.

Пантеон, кӕцы хауы паддзахадон историко-культурон объекттӕм, ис Цхинвалы ныгуылӕны кӕроны, Тъбеты хъӕумӕ фӕндаджы рахиз фарс. Раздæр ацы бынаты фæнд кодтой саразын Фыдыбӕстӕйы хъахъхъӕнджыты мысӕнӕн мемориал.

Ног хабӕртты лентӕ
0