Дохтыр Германийӕ Джиоты Тимур ӕрсидт ирӕттӕм баззайын хӕдзӕртты

© TopDBДжиоты Тимур
Джиоты Тимур - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джиоты Тимур ныффыста видео, кӕцыйы ӕрсидт Ирыстоны цӕрджытӕм эпидемимӕ сӕ уӕлӕнгай ахасты фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 13 апр - Sputnik. Дохтыр-анестезиолог Джиоты Тимур, кӕцы бирӕ ӕзты дӕргъы кусы Германийы, ӕрсидт Ирыстоны цӕрджытӕм, цӕмӕй ӕххӕст кӕной хисӕрмагонд изоляцийы режим.

Джиоты Тимур фӕстаг мӕйты куыста коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджытимӕ, уымӕн ӕмӕ йын йӕ кардиохирургон центрмӕ Германийы райдыдтой кӕнын COVID-19-ӕй рынчынты. Фӕстӕдӕр йӕхӕдӕг дӕр фӕрынчын ис ацы вирусӕй.

"Фӕнды мӕ бамбарын кӕнын COVID-19 вирусы апарахаты уавӕр нӕ республикӕйы цӕрджытӕн куыд адӕймаг, кӕцы хайад исы ацы пациенттӕн хоскӕнынады, афтӕ ма цыппӕрӕм бон мӕхӕдӕг рынчын дӕн коронавирусон инфекцийӕ. Низ мӕнӕн цӕуы рог формӕйы, улӕфыны проблемӕтӕ мын нӕй. Мӕ организм ӕвзонг кӕй у, уый фӕдыл мын ис фидар иммунон системӕ. Мӕ ӕнӕниздзинад кӕй фӕхуыздӕр, уый фӕдыл ӕз абон ныффыстон ацы видео, кӕцыйы сидын республикӕйы цӕрджытӕм фӕкъаддӕр кӕнын сӕрмагонд контакттӕ цалынмӕ пандеми фӕуа, уӕдмӕ", - загъта дохтыр.

Джиоты Тимур банысан кодта, цӕмӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц ма фылдӕр кӕна, уый тыххӕй хъӕуы баззайын хӕдзӕртты.

Ног хабӕртты лентӕ
0