Турчы ирӕттӕ сæ историон фыдыбæстæн æххуысы тыххæй: уый нæ хæс у

© Пресс-служба президентаТурчы цæрæг ирæтты æхсæнад "Алани"-йы сæрдар Хъуысаты Садреттин
Турчы цæрæг ирæтты æхсæнад Алани-йы сæрдар Хъуысаты Садреттин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турчы цæрæг ирæтты æхсæнад "Алани"-йы сæрдар Хъуысаты Садреттин куыд банысан кодта, афтæмæй ацы мадзал уыдон æххуысыл нæ нымайынц, фæлæ сæ хæсыл се ‘фсымæрты раз

ЦХИНВАЛ, 14 май — Sputnik. Турчы ирон диаспорæ бакодта гуманитарон æххуыс йæ историон Фыдыбæстæйæн. Ирыстонмæ æрвыст æрцыдысты хъахъхъæнынады фæрæзтæ — 10 мин медицинон маскæйы, цыппар мин хъахъхъæнынадон костюмы, æртæ мин респираторы, хъусын кæны 15 регион.

Турчы цæрæг ирæтты æхсæнад "Алани"-йы сæрдар Хъуысаты Садреттин куыд банысан кодта, афтæмæй ацы мадзал уыдон æххуысыл нæ нымайынц, фæлæ сæ хæсыл се ‘фсымæрты раз.

"Æххуыс, уый сыхаг кæнæ зонгæйæн цавæрдæр уæззау уавæры куы баххуыс кæнай, уый у. Фæлæ уæззау уавæры дæ мад, де ‘фсымæр, дæ хо куы уой, уæд уый æххуыс нæу, фæлæ дæ хæс. Куы йæ сæххæст кæнай, уæд хорз, кæд нæ, уæд та æгаддзинад. Кæд дард цæрæм, уæддæр нæхи Ирыстоныл нымайæм, иу туг, иу стæг стæм. Ахæм бон хъуамæ не ‘фсымæрты фарсмæ балæууæм", — загъта æхсæнады хистæр.

Хъуысаты Садреттин ракодта, гуманитарон уаргъ æрвитгæйæ диаспорæйы минæвæрттæ цы зындзинæдтæ бавзæрстой, уыдон кой. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъахъхъæнынады фæрæзтæ рарвитыныл куыст цы бон райдыдтам, уымæй дыууæ боны раздæр Турчы рацыд закъон, æндæр бæстæтæм гуманитарон æххуыс æрвитæн кæй нал ис, уый тыххæй.

Мӕскуыйаг бизнесмен ӕрырвыста хуссарирыстойнаг медиктӕн гуманитарон ӕххуыс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мӕскуыйаг бизнесмен ӕрырвыста хуссарирыстойнаг медиктӕн гуманитарон ӕххуыс

"Уæлбары тыххæй та хицауадмæ баздæхын хъуыд — фарстмæ сæрмагонд хуызы æркæсыны æмæ бар раттыны тыххæй. Нæ тых æмæ амалæй архайдтам хъуыддаг кæронмæ ахæццæ кæныныл. Нæ кадджын хистæртæй иуимæ — Хъаныхъуаты Шерифимæ аныхас кодтон, цæмæй нæм æввонггæнджытæ ссарыны хъуыддагæй фæкæса. Иумæйаг тыхтæй хъуыддаг нæ къухты бафтыд", радзырдта Хъуысаты Садреттин.

Диаспорæйы разамонæг ма уымæй уæлдай куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Турчы ирæтты ‘хсæн ныридæгæн коронавирусæй фæрынчыны иу цау дæр нæ уыд.

"Куыд зонын, афтæмæй ам ирæттæ иууылдæр æнæниз сты. Нæ зæрдæ дарæм, æввахс рæстæджы сымахмæ дæр алцыппæт дæр кæй ахицæн уыдзæн хорзæй, ууыл", — бафтыдта йæ ныхасмæ уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0