Олег Котов: дӕс азы фӕстӕ адӕймаг ӕрфидар уыдзӕн мӕйы

© Sputnik / Владимир Трефилов /  Ахизын медиабанкмæОлег Котов
Олег Котов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зындгонд космонавт нымайы, ныридӕгӕн космикон паддзахадтӕ сӕ ных сарӕзтой мӕйы уылты Марсмӕ атӕхынмӕ

ЦХИНВАЛ, 1 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Уӕрӕсейы 100-ӕм космонавт ӕмӕ дунейы 455 космонавт Олег Котовы хъуыдымӕ гӕсгӕ, XX ӕнусы 30 ӕзты дзыллӕ басӕтдзӕн мӕй, цæмæй йæ руаджы бахауа Марсмæ.

"Космикон паддзахадтӕ сӕ ных сарӕзтой мӕйы уылты Марсмӕ атӕхынмӕ. Ам сӕйраг нысаниуӕг ис адӕймаджы Марсмӕ бахауынӕн, уый тыххӕй планетæты цӕрын фӕразын ӕмӕ кусын сахуыр уӕвынӕн мӕй уыдзӕн фӕлварӕн полигон", - загъта космонавт.
Хуссар Иры хатдзӕгтӕ скодтой Гагарины юбилейӕн нывонд конкурсӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зыниртасӕн космос: Хуссар Иры хатдзӕгтӕ скодтой Гагарины юбилейӕн нывонд конкурсӕн

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, мӕймӕ атӕхыны ӕууӕлтӕ сын сты зындгонд.

"Космос ӕрхион кӕнын тагъд нӕ бантысдзӕн, фӕлӕ нырмӕ цы бантыст саразын, уый нын бар дӕтты дзурын 20 ӕзты дыккаг хай ӕмӕ 30-ӕм ӕзты фӕстӕ адӕймаг ӕрфидар уыдзӕн мӕйы", - бафтыдта Котов.

Ног хабӕртты лентӕ
0