Белграды мыхуыры рацыд Нарты эпос сербаг ӕвзагыл

© Sputnik / Ада БагианНарты эпос
Нарты эпос  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сербаг фыссæг Момо Селичы Ирыстоны истори æмæ Нарты эпос афтæ сцымыдис кодтой, æмæ йæм фæзынд нартимæ баст сæйраг чиныг сербаг æвзагмæ ратæлмац кæныны фæнд

ЦХИНВАЛ, 22 июн – Sputnik. Сербийы сæйраг горӕт — Белграды мыхуыры рацыд Нарты кадджыты фыццаг том,  хъусын кӕны телеканал Осетия-Ирыстон.

Чиныджы тæлмацыл æмæ йæ рауадзыныл куыст цыди 10 азы бæрц. Фыццаг сигналон тираж - 500 экземпляры къуыримæ æрцыд æлхæд.

Хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй сербаг фыссæг Момо Селич йæ райгуырæн Белградæй автобусыл рараст Кавказмæ алайнаг уидæгтæ агурæг. Ирыстоны истори æмæ йæ Нарты эпос афтæ сцымыдис кодтой, æмæ йæм фæзынд нартимæ баст сæйраг чиныг сербаг æвзагмæ ратæлмац кæныны фæнд.

"Нарты эпос у ахӕм чиныг, цыран фенӕн ис ӕцӕг дуне, диссаджы дуне. Уым иу ран дӕр дзырд нӕ цӕуы уый тыххӕй, зӕгъгӕ, мах иу клеткӕйонтӕй кӕй равзӕрдыстӕм. Фыццаджыдӕр мӕн фӕндыд ацы чиныгимӕ базонгӕ кӕнын мӕ адӕмы Балхъанты. Агуырдтон рауагъдад", - радзырдта Момо Селич.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ бӕллиц сӕххӕст кӕныны хъуыддаджы йæм тынг фæкаст йæ цардæмбал, тæлмацгæнæг Анна.

Нарты кадджытӕй дарддӕр ма сербаг фыссӕг иттӕг хорз сахуыр кодта аланты истори, сӕ цардуаг ӕмӕ культурӕ. Тӕтӕр-мангойлаг ӕфсады раздзог Тамерланы ныббырст алайнаг зӕхмӕ та Селич схуыдта "ӕцӕг геноцид".

Ног хабӕртты лентӕ
0