Консул: 450 адӕймаджы цӕттӕ сты Хуссар Ирмӕ ӕрцӕуынмӕ

© Sputnik / Владимир ИвановТранскам
Транскам
 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ӕрцӕуынмӕ чи хъавы, уыдон номхыгъдтӕ фидар кӕны нӕ республикӕйӕ консулон хайад Дзӕуджыхъӕуы

ЦХИНВАЛ, 28 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕй 450 цӕттӕ сты сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕрӕздӕхын Дзӕуджыхъӕуӕй, фехъусын кодта Sputnik РХИ ФХМ консулон хайады хистӕр Санахъоты Морис.

Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирмӕ ӕрыздӕхт 1,5 мин ӕмбӕстаджы. Ӕнхъӕлмӕ ма кӕсынц ноджы 200-мӕ

Амӕй размӕ коронавирусы ныхмӕ тохы фӕдыл оперативон штабы рабадты рӕстӕджы фехъусын кодтой, не 'мбӕстӕгтӕй 200 кӕй ӕрыздӕхдзысты къуырийы дӕргъы Хуссар Ирыстонмӕ.

Хуыцаубон рацӕудзысты 40 студенты, кӕцытӕ ахуыр кӕнынц Уӕлвӕткон уавӕрты министрады ӕмӕ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады хаххыл, ноджы ма не 'мбӕстӕгтӕй 150 райдайдзысты кӕнын дыццӕгӕй фӕстӕмӕ.

"Ныридӕгӕн цӕттӕ сты Хуссар Ирыстоны ацӕуынмӕ 450 адӕймаджы. Фидар цӕуынц номхыгъдтӕ. Тынг бирӕ адӕмы фӕнды ӕрӕздӕхын сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ", - загъта Санахъоты Морис.

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн арӕны сӕртыл ӕнӕ сӕрмагонд разыдзинадӕй цӕуын тобӕгонд у 5 апрелӕй ӕмӕ адӕрддӕргонд рцыд 31 июльмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0