Ирыстоны истори иртасæгæн нæ радтой рæстæгмæ цæрыны бар Дзӕуджыхъӕуы

© Facebook / Фатима КиргуеваИрыстоны истори иртасæгæн нæ радтой рæстæгмæ цæрыны бар Цæгат Иры
Ирыстоны истори иртасæгæн нæ радтой рæстæгмæ цæрыны бар Цæгат Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Канадæйаг ахуыргонды фæнды сахуыр кæнын ирон адӕмы фыдæлты истори æмæ йыл æртæ азы фæстæ рауадзын чиныг

ЦХИНВАЛ, 6 авг– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Канадӕйаг профессор, историк-ирановед Ричард Фольцӕн Цӕгат Ирыстоны нӕ радтой цӕрыны разыдзинад. Ахуыргонд, кӕцыйӕн ис ирон бинойнаг, фӕнд кӕны бацӕттӕ кӕнын чиныг "Осетины: современные скифы Кавказа". Проблемӕйы тыххӕй йӕ фарсыл Фейсбукы ныффыста йе 'мкъай Хъиргъуаты Фатимæ.

Ахуыргонд иртасы ирайнаг культурæ, æвзæгтæ, Ирыстон дӕр йӕ иу хай кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ахуыргондмӕ сывзӕрын кодта цымыдис. Ричард Фольцы канд истори æмæ æнусон хæхтæ уацары нæ райстой, фæлæ ма ам ссардта йæ амонд дæр.

"Бирӕ адӕм балӕууыд нӕ фарсмӕ, мах хъавӕм бадӕттын хъаст миграцион службӕйыл. Уыдзӕн нын фембӕлд юристтимӕ", - загъта Sputnik Фатимӕ Фольц (Хъиргъуаты).

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахуыргондӕн ацы проблемӕтӕ асастой йӕ равг.

"Йӕ равг асаст, уый ахӕм ахастыл ахуыр нӕу, фӕлӕ йӕ уӕддӕр разӕнгард кӕнын куыстмӕ, цӕмӕй, проблемӕтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, ныффысса йӕ чиныг", - загъта Фатимӕ.

Ирыстонмæ æрцыд зындгонд ахуыргонд Жорж Дюмезилы фæдон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстонмæ æрцыд зындгонд ахуыргонд Жорж Дюмезилы фæдон

Бинонтæ бадæттой документтæ, цæмæй Цӕгат Иры рæстæгмæ цæрыны бар райсой. Ахуыргонды фæндыд Ирыстоны кусын ӕртæ азы дӕргъы. Фæлæ йын Цæгат Ирыстоны миграци фарстыты фæдыл управлени разыдзинад нæ радта. Бинонтæ фыссынц хицæн инстанцитæм, суанг РЦИ сæргълæууæг Битарты Вячеславмæ дæр, фæлæ фарст скъуыддзаг нырма не ʻрцыд.

Ричард Фольц зонадон куыстæй дарддæр кæны æхсæнадон куыст дæр. Йе 'мкъайы ныхæстæм гæсгæ, скæсæйнаг прессæйы уый дзырдта Хуссар Иры хæдбардзинады вварс, уый хыгъд бахауд Гуырдзыстоны знæгты номхыгъдмæ.

Ричард Фольц ӕрцыд Ирыстонмӕ ӕндӕр номдзыд ахуыргондты фӕндагыл, кӕцытӕ рагзаманты ӕрцыдысты Ирыстонмӕ йӕ хъӕздыг истори сахуыр кӕнынмӕ, сæ нымæцы Андрей Шогрен, Всеволод Миллер æмæ æндæртæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0