РЮО-йæ RSO-мæ: куыд ивтой Хуссар Иры хæдтулгæты номыртæ

© Sputnik / Natalia Airiyan Милици
Милици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джиоты Аланы ныхæстæм гæсгæ, нырмæ æдæппæтæй Паддзахадон автоинспекци радта 24 мин хæдтулгæйы номырон нысаны

ЦХИНВАЛ, 3 сен - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны сентябры райдайæны 28 азы размæ фæзындысты хæдбар паддзахады фыццаг хæдтулгæты номыртæ. Абон нæ республикæ æмæ æддæйæ æзмæлы 24 мин машинæйы бынæттон номыртимæ, фехъусын кодта Sputnik Паддзахадон автоинспекцийы хистæр Джиоты Алан.

Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Совет 1992 азы сентябры сфидар кодта хæдтулгæты ног номыртæ.

"Уæд иумæйаг æмбырд ауагътам æмæ уым аскъуыддзаг кодтам саразын хæдтулгæты номыртæ, уæдмæ транспорт змæлд гуырдзыйы номыртимæ. Хисæрмагонд хæдтулгæты фыст цыд цифрæтæ æмæ Хуссар Иры аббревиатура уырыссаг æвагыл, паддзахадонты разæй цифрæтæ стæй та дамгъæ. Фыццаг парти – мин номыры саразын кодтам Ростовы", - радзырдта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæстæдæр самал кодтой уæзласæн машинæтæ æмæ мотоциклетæн дæр нысæнттæ.

Президент балæвар кодта Мидхъуыддæгты министрады дæлхайæдтæн ног хæдтулгæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент балæвар кодта Мидхъуыддæгты министрады дæлхайæдтæн ног хæдтулгæтæ

"Уый фæстæ аппарахат сты Хусар Ирыстоны номыртæ. Мæхъæлимæ хæсты рæстæджы нæ фæсивæд куы абырстой æххуысмæ, уæд-иу сæ уым дæр базыдтой сæ номыртæм гæсгæ", - бафтыдта уый.

2001 азы Хуссар Ирыстоны дæр куыд Уæрæсейы афтæ раивтой номыртæ.

"Нæ кусджытæ уæд арвыстам Мæскуымæ, уыдон сфидар кодтой номырты ног хуыз, бацархайдтой цæмæй нæ номырты хуызæн макæмæн уыдаид. Тырыса рахиз фарстæй ацыд галиу фарсмæ, йæ Республика Хуссар Ирыстоны аббревиатура та фыст æрцыд англисаг дамгъæтæй (RSO)", - загъта Джиоты Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн æдæппæтæй Паддзахадон автоинспекци радта 24 мин хæдтулгæ, 20 серийæ фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0