ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Хӕдтулгӕтӕ "Лада Приора" ӕмӕ "Ауди" сӕмбӕлдысты Дзӕуджыхъӕумӕ бахизӕны, дыууӕ шофыр дӕр фӕмард сты бынаты. Цӕгат Ирыстоны полици уадзы сгарӕн куыст, хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.
"Знон изӕры 18:20 сахатыл паддзахадон автоинспекцимӕ бацыд хъусинаг фӕндагон-трансортон цауы фӕдыл, кӕцы рцыд Дзӕуджыхъӕумӕ бацӕуӕны 6-ӕм километры. Бынатмӕ бацыдысты автоинспекцийы разамынад",- банысан кодтой уагдоны.
Бӕлвырд ӕрцыд, "Лада Приора"-йы 36-аздзыд шофыр, кӕцы цыд Дзӕуджыхъӕуӕй Беслӕнмӕ, нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд хӕдулгӕ "Ауди"-йыл, кӕцы рахызт фӕндаджы ныхмӕлӕууӕг хаххмӕ. Дыууӕ шофыр дӕр фӕмард сты тагъд ӕххуысы службӕйы бацыдмӕ.
Полици райдыдта сгарӕн куыст цауы фӕдыл.
ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг теннисисткӕтӕ бацахстой фондз призон бынаты Цӕгат Кавказы Федералон зылды ерысты. Елбачиты Ирина, Кокойты Аманда ӕмӕ Джиголаты Аланӕ ӕрхастой цыппар ӕвзист ӕмӕ иу бронзӕйон майданы, фехъусын кодта Sputnik уӕлыстол теннисы Федерацийы хистӕр, уӕлдӕр спортивон дӕсныйы скъолайы тренер Джиоты Мириан.
"Цӕгат Ирыстоны командӕйы сконды архайдтой нӕ чызджытӕ ӕртӕйӕ - Елбачиты Ирина, Кокойты Аманда ӕмӕ Джиголаты Алана ӕмӕ райстой дыккаг бынат, уыдон фӕхӕрд сты ӕрмӕст фысым командӕйӕн. Фыццаг хатт систӕм дыккаг призертӕ",- бафтыдта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыццаг хатт нӕ республикӕйы историйы Хуссар Ирыстоны минӕвӕр Елбачиты Ирина райста балцӕг Уӕрӕсейы чемпионатмӕ индивидуалон ерысты архайгӕйӕ.
"Елбачиты Ирина хисӕрмагонд ерысты куыд ӕвзист призер, афтӕ райста балцӕг ӕмӕ апрелы тох кӕндзӕн Мӕскуыйы. Ахӕм ӕнтыст нӕ республикӕйы историйы у фыццаг. Уымӕй дарддӕр ЦКФЗ ерыстӕ Елбачиты чызгӕн уыдысты ӕнтыстджын - уый къайон ерысты та Цӕгат Ирыстоны минӕвар Лапина Светланаимӕ бацахста ӕртыккаг бынат", - загъта тренер.
Цӕгат Кавказы Федералон зылды ерыстӕ теннисӕй цыдысты Кӕсӕг-Балхъары Республикӕйы.
ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны хӕххон районты тыхджын митуарды фӕстиуӕгӕн кӕцыдӕр цӕрӕг пунктты ахицӕн рухс ӕмӕ фӕзынд проблемӕтӕ мобилон бастдзинадимӕ.
"Мегафон-Хуссар Ирыстоны" (Остелеком) специалист ӕхсӕнадон бастдзинӕдты фӕдыл Бежанты Зӕринӕ куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй техникон специалисттӕ басгӕрстой Къуыдаргомы базон станцтӕ ӕмӕ дзы баластой ӕртаджы фӕстауӕрц.
"Фидарӕй нӕ бон у зӕгъын, электроэнерги кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй мобилон бастдзинады гъӕд кӕй нӕ февзӕрдӕр, ӕмӕ Дзауы районы цӕрджытӕн сӕ бон у дарддӕр пайда кӕнын бастдзинады лӕггӕдтӕй хуымӕтӕг режимы", - хъусын кӕны Бежанты Зӕринӕ.
Уый бафтыдта, компанийӕн кӕй ис 70 базон станцы, кӕцыты хай ис республикӕйы хӕххон районты.
"Хӕххон рельеф зымӕгон периоды къуыхцы кӕны базон станцты куысты басгӕрст. Ацы хатт сӕйраг зындзинӕдтӕ фӕзындысты базон станцмӕ ӕртаг баласынимӕ. Республикӕйы бастдзинады комитеты разамынадимӕ ӕмархайды руаджы мах рӕстӕгыл ӕрбаластам ӕртаг", - банысан кодта уый.
Компанийы баныфсӕвӕрдтой, специалисттӕ кӕй ӕмбарынц, куыд ахсджиаг у мобилон бастдзинад ӕмӕ уый фӕдыл алцыдӕр аразынц, цӕмӕй мобилон бастдзинад куса цыфӕнды боныгъӕды рӕстӕджы дӕр.