ЦХИНВАЛ, 13 янв – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон газет "Республика"-йы журналист Цхуырбаты Мӕдинӕ райста Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы ӕрвылазон преми "Единение". Цхинвайлаг журналист премийы лауреат ссис йӕ куыст "Север-Юг Алании. Единство судеб сквозь столетия"-йы тыххӕй.
Хорзӕхкӕныны церемони ацыд Дзӕуджыхъӕуы Национ музейы бӕстыхайы ӕмӕ йӕ ӕрӕмных кодтой Уӕрӕсейы дзыллон информацийы бонмӕ, кӕцы нысан цӕуы 13 январы.
"Тынг ӕхсызгон мын у, ацы хорзӕхы аккаг мӕ кӕй скодтой. Стыр бузныг мӕ загъын фӕнды сӕрмагондӕй мӕ редактор Хьоцыты Андрейӕн. Стӕй ма Цӕгат Иры разамонӕг Битарты Вячеславӕн, ӕнӕхъусдард кӕй нӕ уадзы Хуссары журналистты, уый тыххӕй",- загъта Sputnik премийы лауреат Цхуырбаты Мӕдинӕ.
Мадзал рӕстӕджы ма премитӕ радтой ӕндӕр номинациты дӕр. Цӕгат Ирыстоны разамонӕг Битарты Вячеслав раафӕ кодта журналисттӕн Ног аз ӕмӕ мыхуыр боны фӕдыл ӕмӕ фехъусын кодта, ацы азӕй республикӕйы кӕй райдайдзӕн кусын ӕвзонг журналистты цӕттӕйы нывӕзт.
Преми лӕвӕрд цӕуы ныр ӕртыккаг аз, уымӕй размӕ ӕзты премийы хицау баисты газеттӕ "Республика" ӕмӕ "Южная Осетия"-йы журналисттӕ.
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Козаты Диана. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ивгъуыд азы декабры ӕрурӕдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны 28 фехалӕджы, хъусын кӕӕы майрӕмбоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕ.
Мӕй раздӕр дӕр арӕнсӕтджыты ӕмӕ арӕны режим фехалджыты нымӕц уыд 28.
"Декабры цы фӕткхалджыты ӕрурӕдтой, уыдонӕй дӕс фехӕлдтой паддзахадон арӕӕы режим, 18 та – арӕнгӕрон режим. Комитеты арӕнгӕрон службӕ алкӕцы фӕткхӕлдты тыххӕй дӕр уагъд ӕрцыд басгӕрст, уыдон фӕдыл цыппар адӕймаджы ныхмӕ бакондӕуыд уголовон хъуыддӕгтӕ, 22 бафыстой ивартӕ, дыууӕйы та феддӕдуар кодтой республикӕйӕ", - банысан кодтой спецслужбӕйы.
ПӔК ма банысан кодтой, Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн уадзӕн пункттӕ дӕр нырма кӕй сты ӕхгӕд Хелчуайы уӕвӕг пунктӕй дарддӕр.
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Козаты Диана. Нуазыны доны гъӕд горӕты резервуарты у ӕмбӕлон, къӕвда бонтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, загътой Sputnik Цхинвалы мэрияйы пресс-службӕйы.
Хуссар Ирыстоны цалдӕр бон цары къӕвда. Синопртикты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, улӕфт бонты ӕмӕ иннӕ къуырийы фыццаг ӕмбисы та уардзӕн мит. Столицӕйы администрацийы, "Водоканал"-ы информацийыл ӕнцойгӕнгӕйӕ, банысан кодтой, ӕвзӕр боныгъӕд бирӕ кӕй ницы бандӕвта доны гъӕдыл.
"Цалдӕр боны размӕ дон цыд змӕстӕй. Специалисттӕ дзы систой пробӕтӕ, доны гъӕд у стабилон. Нормӕйы фӕлгӕтты. Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ йӕ "Водоканал" баскары ӕрвылбон дӕр", - радзырдтой мэрияйы.
Уым ма банысан кодтой, зӕгъгӕ, кӕд доны гъӕ афтӕ февзр уа, ӕмӕ мауал бӕзза пайда кӕнынӕн, уӕд уайтагъд бафӕдзӕхсдзысты цӕрджыты.