ЦХИНВАЛ, 10 фев – Sputnik. Цæгат Ирыстоны Дыгургомы сæвæрдзысты ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы бюст, хъусын кæны 15 регион.
"Махæн уый кады хъуыддаг у. Ныфс нæ ис, ирон æвзаджы Бонмæ бюст цæттæ кæй уыдзæн, уымæй", –хъусын кæны 15 регион Дыгуры районы сæргълæууæг Езеты Аланы ныхæстæ.
Ацы хабар рабæрæг республикæйы фысджыты цæдисы æрбадты. Ӕмбырды æппæт архайджытæ дæр ацы хъæппæрис хорзыл банымадтой.
Ацы фарстыл æрныхас кодтой скульптор Хайты Ибрагимимæ, стæй ма бынæттон администрацийы разамындимæ æмæ минæвæртты æмбырды сæрдаримæ.
ЦХИНВАЛ, 2 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Иры сæндидзын кодтой электроифтонгад. Республикæ æнæ рухсæй баззад дыууæ сахаты бæрц цæгатирыстойнаг хайы электрохаххыл аварийы аххосæй.
"Нæ коллегатæ тагъд аиуварс кодтой электрохаххыл авари. Ныридæгæн Хуссар Ирыстонмæ электроэнерги цæуы хуымæтæг режимы", - загътой Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы.
Хуссар Ирыстонмæ электроэнерги цæуы Уæрæсейæ электрохахх "Зæрæмæг — Цæгаттаг портал — Дзау"-ыл. Азы кæронмæ Хуссар Иры фæнд кæнынц саразын фæстауæрцон хахх.
ЦХИНВАЛ, 3 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ахицӕн рухс, йӕ аххосаг у авари электрондыхы хаххы цӕгатирыстойнаг фарсыл, фехъусын кодта "Энергоресурсы" сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Алан.
"Рухс ахицӕн аварион уавӕры тыххӕй цӕгатирыстойнаг фарсыл. Цӕгатирыстойнаг энергетиктӕ бадзырдтой махмӕ ӕмӕ фехъусын кодтой, 110 кВт хаххыл, кӕцыйы уылты республикӕ исы электроэнерги, фӕзынд аварион уавӕр", - загъта Гӕбӕраты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, проблемӕ хъуамӕ аиуварс кӕной иу сахатмӕ.