Хуссар Иры ФХМ снысан кодта йӕ официалон минӕвары Сан-Маринойы

CC0 / Pixabay/pohjakroon / Сан-Марино
Сан-Марино - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.02.2021
Рафыссын
Республикӕйы ФХМ минӕвар фидар кӕндзӕн ахастытӕ бынӕттон разамынадимӕ, райтынг кӕндзӕн хӕларадон ахастытӕ дыууӕ адӕмты хсӕн

ЦХИНВАЛ, 16 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады официалон минӕварӕй Республикӕ Сан-Маринойы нысан ӕрцыд Франческо Чиарелли, ӕмбӕлон барамынд уагдон бафыста 12 февралы.

МХМ-йы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Франческо Чиарелли ауагъта пресс-конференци, цы ран базонгӕ кодта журналистты официалон минӕвары функцитимӕ.

"Хуссар Ирыстоны официалон минӕвары архайды сферӕмӕ хауы Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сан-Маринойы иумӕйаг гуманитарон ӕмӕ экономикон проекттӕ аразыны фадӕттӕ агурын. Уӕлдай хъусдард здӕхт цӕудзӕн туризмы фадыджы ӕмгуыстадмӕ", - дзырдӕуы хьусинаджы.

Уый ма бафтыдта, кӕй фидар кӕндзӕн ахастытӕ бынӕттон разамынадимӕ.

Миланы сарӕзтой хӕларады ассоциаци Итали – Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.11.2019
Миланы сарӕзтой хӕларады ассоциаци "Итали – Хуссар Ирыстон"

2013 азы Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхаз бахатыдысты Сан-Марино ӕмӕ Италимӕ, цӕмӕй сын банымайа сӕ хӕдбардзинӕдтӕ.

Ивгъуыд аз горӕт Цхинвал ӕмӕ Италийы цалдӕр горӕтимӕ бафыст ӕрцыд бадзырдтӕ ӕмгуыстады фӕдыл. Уымӕй дарддӕр ма италиаг партитимӕ бастдзинӕдӕ фидар кӕнынц. Хуссар Ирыстоны политикон тыхтӕ.

Цыбыр биографион справка

Франческо Чиарелли райгуырд 1981 азы 18 марты Сан-Маринойы. 2003 азы райста ӕхсӕнадтимӕ куысты специалисты диплом. 2019 райста ахуырад Сан-Маринойы Университеты.

2007 январæй 2011 азы декабры онг –San Marino Telecom s.p.a. æххуысгæнæг техникон фарстыты фæдыл.

2011 азы ссис OffertOne генералон директор.

2019 азæй – Agenfor Italia-йы æхсæнадимæ бастдзинадты æмæ маркетингы минæвар.

Ног хабӕртты лентӕ
0