Автозгъорд, равдыст, концерт: куыд банысан кӕндзысты Хуссар Иры банымады бон

© Sputnik / Natalia Airiyan Автозгъорд
Автозгъорд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.08.2021
Рафыссын
Республикӕйы ӕрбалӕугӕ къуыри банысан кӕндзысты бӕстмйы ног историйы ахсджиагдӕр цаутӕй иуы радон афӕдзыбон

ЦХИНВАЛ, 17 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны 26 августы банысан кӕндзысты республикӕйы хӕдбардзинад Уӕрӕсейы Федерацийы рдыгӕй банымайыны 13-ӕм афӕдзыбон. Уыцы бон бӕстӕйы ацӕудзысты бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ, йӕ хӕдразмӕ та ӕппӕт уагдӕттӕ ӕмӕ куыстуӕтты дӕр ауадздзысты политикон информацийы сахат.

Константин Затулин  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.08.2021
Хуссар Иры банымад асидыны сидт цы гӕххӕттыл фыст у, уымӕй зынаргъдӕр нӕу - Затулин

Бӕрӕгбоны размӕ, 25 августы, Анахарсисы номыл республикон библиотекӕйы Цхинвалы байгом уыдзӕн Хуссар Ирыстоны нывгӕнджыты равдыст "С любовью к России!".

Хӕдбардзинад банымайыны бон та республикӕйы цӕрджытӕм бынӕттон телеуынынады эфирӕй сидӕн сараздзӕн президент Бибылты Анатолий. Райсомы 10 сахатыл ацӕудзӕн бӕрӕгбонон автозгъорд, 11:00 сахатыл та арт-фӕзуат "Южный Портал"-ы концерт "Фӕндыры зӕлты" фӕлгӕтты фембӕлдзысты Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕды минӕвӕрттӕ.

Сихорыл, 14:00 сахатыл Паддзахадон драмон театры ацӕудзӕн ӕхсӕнады цытджын ӕмбырд, изӕры та Театралон фӕзуатыл республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕн равдисдзысты концерт "Фыдыбӕсты хӕрзӕбонӕн".

Уӕрӕсе банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад 2008 азы 26 августы. Дыууӕ къуырийы фӕстӕ Цхинвал ӕмӕ Мӕскуы сфидар кодтой дипломатон ахастытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0