Мӕскуыйы ссардзысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

© Sputnik / Григорий Собченко /  Ахизын медиабанкмæМӕскуыйы ссардзысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Мӕскуыйы ссардзысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.08.2021
Рафыссын
Фыдохы мадзӕлттӕ ацӕудзысты Мӕскуыйы Фырсыгъдӕг Мад Майрӕмы аргъуаны Алайнаг кӕрты Беслӕны теракты амӕттӕгты цырты раз, афтӕ ма Николо-Архангелаг уӕлмӕрды, горӕт Жуковский ӕмӕ Мӕскуыйаг областы хъӕу Юровойы

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik. Мӕскуыйы ацӕудзысты мысӕн мадзӕлттӕ Беслӕны трагедийы 17-ӕм афӕдзыбоны фӕдыл, хъусын кӕны Мӕскуыйаг ирон ӕхсӕнады пресс-службӕ.

"Теракты фӕмардуӕвджыты нӕмттӕ ӕрымысдзысты 3 сентябры: Фырсыгъдӕг Мад Майрӕмы Райгуырды аргъуаны - Алайнаг кӕрты 12:20 сахатыл ацӕудзӕн амӕттӕгты мысӕн панихидӕ. 13:00 сахатыл аргъуаны раз фӕзуатыл ацӕудзӕн теракты амӕттӕгты цыртмӕ дидинтӕ сӕвӕрыны церемони", - дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы. 

Уыцы бон ма дидинджытӕ ӕмӕ веноктӕ сӕвӕрдзысты сӕрмагонд дӕлхайӕдтӕ "Альфа", "Вымпел" ӕмӕ УФ УУМ минӕвӕртты ингӕнтӕм Николо-Архангелаг уӕлмӕрды, горӕт Жуковский ӕмӕ Мӕскуыйаг областы хъӕу Юровойы.

2004 азы 1 сентябры беслӕйнаг скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны террористтӕ дардтой амынӕты 1128 адӕймаджы. 3 сентябры 13.05 сахатыл скъолайы спортивон залы фехъуыст фыццаг бомбӕйы фехӕлд. Фӕмард 334 адӕймаджы, се хсӕн 186 сывӕллоны, 800 адӕймагӕй фылдӕр та райстой уӕззау цӕфтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0