Хуссар Иры президент ацыд Абхазмӕ

© Sputnik / Владимир Попов /  Ахизын медиабанкмæСухум
Сухум - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.09.2021
Рафыссын
Сухумы президент ӕмӕ делегацийы иннӕ уӕнгтӕ хайад райсдзысты Уӕлахиз ӕмӕ Хӕдбардзинады боны цытӕн мадзӕлтты ӕмӕ ауадздзысты бадзырдтӕ республикӕйы къухдариуӕгадимӕ
ЦХИНВАЛ, 27 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий абалц кодта Абхазмӕ Уӕлахиз ӕмӕ Хӕдбардзинады бӕрӕгбоны хайад райсыны тыххӕй, хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
"Балцы фӕлгӕтты Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы президенттӕ Бибылты Анатолий ӕмӕ Аслан Бжанияйӕн ацӕудзысты бадзырдтӕ, афтӕ ма фарсытӕн уыдзӕн уӕрӕх фембӕлд дӕр дыууӕ бӕстӕты хицауады минӕвӕртты хайадистӕй", - дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.
Хуссарирыстойнаг делегацийы сконды сты фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий, хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим, президенты уынаффӕгӕнӕг Дмитрий Атрощенко.
30 сентябры Абхазы нысан кӕнынц сӕйраг паддзахадон бӕрӕгбонӕй иу – Абхазы Уӕлахиз ӕмӕ хӕдбардзинады бон.
Ног хабӕртты лентӕ
0