Авд тæрхонгæнæгæй æртæ разы не сты Беслæны теракты фæдыл АБЕТ-ы тæрхонимæ

© Sputnik / Михаил Мамонтов /  Ахизын медиабанкмæДень памяти жертв теракта проходит в Беслане
День памяти жертв теракта проходит в Беслане - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Адæймаджы барты фæдыл Европæйаг тæрхондон рахаста уынаффæ, кæцымæ гæсгæ Уæрæсе хъуамæ бафида æртæ милуан евро 2004 азы Беслæны теракты зианбаййафджытæн

ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik. Цыппæрæмы авд тæрхонгæнæгæй æртæ, кæцытæ рахастой скъуыддзаг 2004 азы Беслæны теракты хъуыддаджы фæдыл, не сразы сты сæ коллегæтимæ райсын уынаффæ, кæцымæ гæсгæ Уæрæсе хъуамæ бафида хъастхæсджытæн 2 милуан 955 мин евро æнæматериалон зианы хуызы, афтæ ма 88 мин евро хъастхæсджты минæвæрттæн сæ хæрдзты компенсацийы хуызы.

"Уыдис дыууæ сæрмагонд цæстæнгасы тæрхондоны уынаффæйы фæдыл, кæцытæ нæ сæмбæлдысты тæрхондоны иумæйаг уынаффæйыл: сæ иу æрбавдыстой тæрхонгæнджытæ Ханлар Гаджиев (Азербайджан) æмæ Дмитрий Дедов (УФ), дыккаг та — тæрхонгæнæг Пинто де Альбукерке (Португалия)", — дзырдæуы тæрхондоны уынаффæйы.

Ӕдæппæт хъаст æвзæрстой авд тæрхонгæнæджы.

Уполномоченная по правам человека в России Татьяна Москалькова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Москалькова Беслӕны ныхмӕдзыд акцийы тыххӕй: дыууӕ фарс дӕр раст не сты

Хъуыддаг баконд æрцыд УФ-йы 409 æмбæстаджы хъастмæ гæсгæ æмæ дзы æвзæрст цыд 2004 азы сентябры Беслæны скъолайы террористон акт. Хъастхæсджытæ банысан кодтой, "Бесланы теракты ахасты хицауад кæй нæ ауагъта уыцы цауты эффективон равзæрст". Хъастхæсджытæй чидæртæ дзырдта, "операцийы фæдыл контроль сифтонг кæныны аспекты æдасдзинады мадзæлттæ фаг кæй нæ уыдысты". Сæ хъуыдыдмæ гæсгæ, "трагеди уыд, хицæуттæ сæ тыхæй æнæпропорционалонæй кæй спайда кодтой, уый фæстиуæг".

Трагедийы амӕттаг баисты 334 уды, уыдон нымӕцы 186 сывӕллоны. Фӕмард ма дзы 10 сӕрмагонд службӕйы кусджытӕ, дыууӕ УУМ-ы ӕмӕ милицийы 15 кусӕджы. Фӕцӕф сты 810 амынӕты, сӕрмагонд службӕты ӕмӕ милицийы кусджытӕ, ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0