Бӕхты дугътӕ Хуссар Иры. Уӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны дыццӕджы уагъд ӕрцыдысты бӕхты дугътӕ. Ардӕм сӕ тыхтӕ бавзарынмӕ ӕрбацыдысты барджытӕ республикӕйы алы районтӕй дӕр

Уыдонӕй иууыл ӕныстджындӕртӕ разындысты Цхинвалы районы гореттаг барджытӕ. Куыдзеты Реуаз райста фыццаг бынат, Туаты Алан та — дыккаг. Уӕлахиздзауты номхыгъд баххӕст кодта църуйаг лӕппу Гӕззаты Вадим дӕр, йӕ къухы бафтыд ӕрысты ӕртыккаг бынат.

Уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ хайадисджытӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты кубоктӕ, дипломтӕ, ӕхцайы премитӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй.

Бӕхты дугъты организатор Къӕбулты Ренаты ныхӕстӕм гӕсгӕ, мадзал арӕзт ӕрцыд йӕ зынгхуыст фыд Хъазбег ӕмӕ ӕфсымӕр Юрийы рухс нӕмттӕ ссарыны нысанӕн.

 

© Sputnik / Ада БагианДугъты уӕлахиздзау ссис Гореты хъӕуы цӕрӕг Куыдзеты Реуаз
Бӕхты дугътӕ Хуссар Иры. Уӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/16
Дугъты уӕлахиздзау ссис Гореты хъӕуы цӕрӕг Куыдзеты Реуаз
© Sputnik / Ада БагианДугъы размӕ барӕг йӕ бӕхӕн дзуры фӕстаг ныстуан
Бӕхты дугътӕ Хуссар Иры. Уӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/16
Дугъы размӕ барӕг йӕ бӕхӕн дзуры фӕстаг ныстуан
© Sputnik / Ада БагианМадзалы хайад райстой республикӕйы алы районы минӕвӕрттӕ дӕр
Бӕхты дугътӕ Хуссар Иры. Уӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/16
Мадзалы хайад райстой республикӕйы алы районы минӕвӕрттӕ дӕр
© Sputnik / Ада БагианБарджытӕн сӕ цыппаркъахон ӕмбӕлттӕм ис аудгӕ ахаст – цӕмӕй бӕх ма бафӕллайа, уый тыххӕй йӕ ӕрластой машинӕйыл
Бӕхты дугътӕ Хуссар Иры. Уӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/16
Барджытӕн сӕ цыппаркъахон ӕмбӕлттӕм ис аудгӕ ахаст – цӕмӕй бӕх ма бафӕллайа, уый тыххӕй йӕ ӕрластой машинӕйыл
© Sputnik / Ада БагианДугъты хайад истой хӕрзӕвзонг лӕппутӕ, фӕлӕ, кармӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, сӕхи равдыстой фӕлтӕрд барджытӕй
Бӕхты дугътӕ Хуссар Иры. Уӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/16
Дугъты хайад истой хӕрзӕвзонг лӕппутӕ, фӕлӕ, кармӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, сӕхи равдыстой фӕлтӕрд барджытӕй
© Sputnik / Ада БагианУӕлдай стырдӕр циндзинад мадзал ӕрхаста чысыл сабитӕн
Бӕхты дугътӕ Хуссар Иры. Уӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/16
Уӕлдай стырдӕр циндзинад мадзал ӕрхаста чысыл сабитӕн
© Sputnik / Ада БагианФӕзилӕнӕй разындысты фыццаг цыппар барӕджы
Бӕхты дугътӕ Хуссар Иры. Уӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/16
Фӕзилӕнӕй разындысты фыццаг цыппар барӕджы
© Sputnik / Ада БагианДугътӕ, ӕвзӕр боныгъӕдмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, Джеры къуылдыммӕ ӕрӕмбыд кодтой сӕдӕгай адӕймӕгты
Бӕхты дугътӕ Хуссар Иры. Уӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
8/16
Дугътӕ, ӕвзӕр боныгъӕдмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, Джеры къуылдыммӕ ӕрӕмбыд кодтой сӕдӕгай адӕймӕгты
© Sputnik / Ада БагианРамбулынӕн хъӕуы фидар бӕх ӕмӕ фӕлтӕрд барӕг
Бӕхты дугътӕ Хуссар Иры. Уӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
9/16
Рамбулынӕн хъӕуы фидар бӕх ӕмӕ фӕлтӕрд барӕг
© Sputnik / Ада БагианБӕхты дугътӕ Хуссар Ирыстоны организацигонд цӕуыц фермерон хӕдзарад "Сидуг"-ы тыхтӕй
Бӕхты дугътӕ Хуссар Иры. Уӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
10/16
Бӕхты дугътӕ Хуссар Ирыстоны организацигонд цӕуыц фермерон хӕдзарад "Сидуг"-ы тыхтӕй
© Sputnik / Ада БагианЧи йӕ бӕхы фӕлвӕрдта дугъы, чи та ссыд барджыты тохтӕм бакӕсынмӕ
Бӕхты дугътӕ Хуссар Иры. Уӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
11/16
Чи йӕ бӕхы фӕлвӕрдта дугъы, чи та ссыд барджыты тохтӕм бакӕсынмӕ
© Sputnik / Ада БагианӔвзонг барӕг ӕмӕ йӕ бӕх ӕвдисынц сӕ дӕсниад
Бӕхты дугътӕ Хуссар Иры. Уӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
12/16
Ӕвзонг барӕг ӕмӕ йӕ бӕх ӕвдисынц сӕ дӕсниад
© Sputnik / Ада БагианБарджытӕ сӕ дугъ райдыдтой Джеры комы Сау дзуармӕ хӕстӕг ӕртӕ километры дистанцийыл
Бӕхты дугътӕ Хуссар Иры. Уӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
13/16
Барджытӕ сӕ дугъ райдыдтой Джеры комы Сау дзуармӕ хӕстӕг ӕртӕ километры дистанцийыл
© Sputnik / Ада БагианУӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр
Бӕхты дугътӕ Хуссар Иры. Уӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
14/16
Уӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр
© Sputnik / Ада БагианУӕлахиздзаутӕ ӕмӕ хайадисджытӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты кубоктӕ, дипломтӕ, ӕхцайы премитӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй
Бӕхты дугътӕ Хуссар Иры. Уӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
15/16
Уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ хайадисджытӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты кубоктӕ, дипломтӕ, ӕхцайы премитӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй
© Sputnik / Ада БагианМадзалы организатор Къӕбулты Ренат схорзӕхджын кодта уӕлахиздзауты
Бӕхты дугътӕ Хуссар Иры. Уӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
16/16
Мадзалы организатор Къӕбулты Ренат схорзӕхджын кодта уӕлахиздзауты
Ног хабӕртты лентӕ
0