Ироны Уæлахиз

Рафыссын
Гасситы Мурæты фарсхæцджытæ куыд цин æмæ мæт кодтой сæ кумирыл Юниер Дортикосы тохы рæстæджы – Sputnik фотолентæйы

Гасситы Мурæт фæуæлахиз кубæйаг боксер Юниер Дортикосыл Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы æрдæгфиналы. Ныхмæлæуд ацыд Сочийы 3 февралы. Йæ IBF версимæ гæсгæ титулмæ Ирыстонæй чемпион бафтыдта WBA версимæ гæсгæ дунейы чемпионы титул.

Сæ кумиры фарс балæууынмæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй Сочимæ æрцыдысты мингай фарсхæцджытæ. Ихын галуан "Большой" æрбахъулон ис ирон тырысатæй, лозунг "Ирæттæ размæ" та хъæр кодтой ирон æвзаг чи нæ зыдта, уыцы кæсджытæ дæр.

© Sputnik / Наталья АйриянГасситы Мурæты уæлахизы фæстæ.
Гасситы Мурæты тох - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/11
Гасситы Мурæты уæлахизы фæстæ.
© Sputnik / Наталья АйриянФенхъæлæн уыд, Ирыстон æнæхъæнæй ацы бонты кæй ацыд Сочимæ, Мурæты фарсмæ балæууыны тыххæй.
Гасситы Мурæты тох - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/11
Фенхъæлæн уыд, Ирыстон æнæхъæнæй ацы бонты кæй ацыд Сочимæ, Мурæты фарсмæ балæууыны тыххæй.
© Sputnik / Наталья АйриянӔрыгон сылгоймаг Мурæты инициалтимæ бесболкæйы.
Гасситы Мурæты тох - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/11
Ӕрыгон сылгоймаг Мурæты инициалтимæ бесболкæйы.
© Sputnik / Наталья АйриянФарсхæцджытæ сарæзтой "удыгас" ирон тырыса.
Гасситы Мурæты тох - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/11
Фарсхæцджытæ сарæзтой "удыгас" ирон тырыса.
© Sputnik / Наталья АйриянНикита Михалков
Гасситы Мурæты тох - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/11
Никита Михалков
© Sputnik / Наталья АйриянӔрыгон лæппуттæ æнхъæлмæ кæсынц Гасситы Мурæты рахызтмæ.
Гасситы Мурæты тох - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/11
Ӕрыгон лæппуттæ æнхъæлмæ кæсынц Гасситы Мурæты рахызтмæ.
© Sputnik / Наталья АйриянСочийы ихын галуаны сæ кумиры уæлахиз чи федта, уыдон бавзæрстой иууыл ирддæр æнкъарæнтæ.
Болельщики - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/11
Сочийы ихын галуаны сæ кумиры уæлахиз чи федта, уыдон бавзæрстой иууыл ирддæр æнкъарæнтæ.
© Sputnik / Наталья АйриянФарсхæцджыты фылдæр хай æрцыд ахæм хъуыдымæ, зæгъгæ Мурæты лæмæгъ позици тохы райдианы æцæгæйдæр уыд тактикон фæрæз.
Гасситы Мурæты тох - Sputnik Хуссар Ирыстон
8/11
Фарсхæцджыты фылдæр хай æрцыд ахæм хъуыдымæ, зæгъгæ Мурæты лæмæгъ позици тохы райдианы æцæгæйдæр уыд тактикон фæрæз.
© Sputnik / Наталья АйриянАцы изæры камерæтæн "се скаст" иууылдæр уыд Гасситы Мурæтмæ.
Гасситы Мурæты тох - Sputnik Хуссар Ирыстон
9/11
Ацы изæры камерæтæн "се скаст" иууылдæр уыд Гасситы Мурæтмæ.
© Sputnik / Наталья АйриянХъæлдзæгдзаст фанаттæ.
Гасситы Мурæты тох - Sputnik Хуссар Ирыстон
10/11
Хъæлдзæгдзаст фанаттæ.
© Sputnik / Наталья АйриянЧызг-фарсхæцæг.
Гасситы Мурæты тох - Sputnik Хуссар Ирыстон
11/11
Чызг-фарсхæцæг.
Ног хабӕртты лентӕ
0