Путин банхъардта премьеры бынат Уæрæсейы ФХС хистæр Михаил Мишустинæн

© Sputnik / Михаил Климентьев /  Ахизын медиабанкмæМихаил Мишустин
Михаил Мишустин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъалонты уагдоны хистæримæ фембæлды фæстæ, æмæ йæ разыдзинад райсгæйæ, уæрæсейы лидер бахаста Мишустины кандидатурæ Паддахадон Думæйы æркастмæ

ЦХИНВАЛ, 15 янв - Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин бахаста ФХС-йы хистæр Михаил Мишустины кандидатура хицауады сæрдары бынатмæ Паддахадон Думæйы æркастмæ, фехъусын кодта æртыццæджы РИА Новости Кремлы пресс-службæйы информацийыл æцойгæнгæйæ.

"Президент Владимир Путин ауагъта кусæгон фембæлд Михаил Мишустинимæ æмæ йын банхъардта слæууын хицауады сæргъ. Йæ разыдзинад райсгæйæ уый бавыста Мишустины кандидатурæ Паддахадон Думæйы æркастмæ", - загътой пресс-службæйы.

Паддахадон Думæ фарстмæ æркæсдзæн цыппæрæмы.

Путин: мады капитал ныр фиддзысты фыццаг сывæллонæн дæр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Путин: мады капитал ныр фиддзысты фыццаг сывæллонæн дæр

Уымй размæ æртыццæджы Уæрæсейы премьер-министр Дмитрий Медведев фехъусын кота хицауад æппæт скондæй кæй цæуы отставкæйы. Уый ʻрцыд Уæрæсейы президент Владимир Путины ныстауаны фæстæ Федералон æмбырдмæй, цы ран банысан кодта къорд фундаменталон ивындзинæдтæ, сæ нымæцы премьеры кандидатурæ фидар кæнын Паддахадон Думæйы бæрны бакæнын.

Уый фæстæ Путин банхъардта бакæнын Ӕдасдзинады советы хистæры хæдивæджы бынат æмæ банхъарын Дмитрий Медведевæн.

Биографион справкæ

Михаил Владимиры фырт Мишустин райгуырд 3 марты 1966 азы Мæскуыйы.

1989 азы каст фæцис Мæскуыйы станкоинструменталон институт "системы автоматизированного проектирования" специальностыл, 1992 азы та йæ – аспирантура

У экономикон зонæдты доктор.

1992- 1995 æзты уыд –Ӕхсæнадæмон компьютерон клуб тестон лабораторийы директор. 1995-1996 æзты та йæ генералон директоры хæдивæг.

1998азы августы нысан æрцыд Паддзахадон таможнæйон службæйы хистæры хæдивæг.

1999-2004æзты – Уæрæсейы Федерацийы хъалонты æмæ фидтонты министры хæдивæг.

2004 – 2006 æзты Кадастр æмæ исады федералон службæйы хистæр.

2007-2008 æзты разамынад дæтта сæрмагон экономикон зонаты федералон агентадæн.

Хорзæхджын у IV къæпхæны орден "За заслуги перед Отечеством" –йæ æмæ Кады Орденæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0