Джиоты Мурæт: Оконайаг триптих хъуамæ æрхæццæ уа Ирыстонмæ

© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты Мурæт
Джиоты Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт радзырдта радио Sputnik-æн Оконайаг триптихы æрыздæхты тыххæй

Оконайаг уазныв, кæцыйыл арæзт сты Чырысти æмæ йæ сыгъдæг удтæ, Ирыстоны зæххмæ æрбахауд тынг раджы. Арæзт у Византияйы Х-ХI æнусты, Чырыстон дин нæм кæцæй æрцыдис, уырдыгæй, æмæ уыд Знауыры, раздæр Окона кæй хуыдтой уыцы хъæуы дзуары. 1924 азы йæ радтой Цхинвалы Бæстæзонæн музеймæ, кæцыйæ сæфт æрцыд 1991 азы. Цалдæр азы кæм уыд, уый ничи зыдта, цалынмæ 2002 Цюрихы аукционы нæ разынд.

Джиоты Мурæт: Оконайаг триптих хъуамæ æрхæццæ уа Ирыстонмæ

"Фæстаг æзты арæх дзырд цæуы Оконайы музейы цы уазныв уыд, уый æрыздæхты тыххæй. Женевæйы дискусситы дзырд цæуы, цæмæй фæсконфликтон хъуыддæгтæ æрлæгъз уой - дзурæм дзы куыд æдасдзинадыл, афтæ гуманитарон фарстытыл дæр. Гуманитарон фарстытæм комкоммæ хауы ацы уазнывы хъуыддаг дæр, æмæ мах домæм, цæмæй йæ радтой Хуссар Ирыстонæн", - загъта Джиоты Мурæт.

Ног хабӕртты лентӕ
0