Кокойты Мария: царды цаутæй æмæ æнкъарæнтæй райгуыры аивад

© Sputnik / Наталья АйриянКокойты Мария
Кокойты Мария - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуыцаубоны, æстæм декабры нысан кæнынц æхсæнадæмон нывгæнæджы бон. Бæрæгбоны къæсæрыл йе 'сфæлдыстæдон куысты тыххæй радио Sputnik эфиры радзырдта æвзонг нывгæнæг Кокойты Мария
Кокойты Мария: царды цаутæй æмæ æнкъарæнтæй райгуыры аивад

Кокойты Марияйы ныхæстæм гæсгæ алы адæймагæн дæр йæ миддуне у тынг хъæздыг, æрдз та ноджы хъæздыг дæр, æмæ уыцы дыууæ миниуæджы куы баиу вæййынц, уæд равзæры аивад.

"Мæ бон афтæ зæгъын нæу нырма æмæ дæн нывгæнæг, фæлæ мын кæд исты æнтыстытæ ис сфæлдыстадон царды, уæд уый у мæ ахуыргæнджыты фæрцы", - зæгъы Мария.

Чызг ма бафиппайтта, зæгъгæ, сфæлдыстадон царды ис бирæ гуырысхойаг хъуыдытæ. Уыдон нæ фæтары вæййынц, фæлæ семæ хъæуы цæрын æмæ дарддæр архайын.

"Цард бирæ уарзын, æмæ мын уыцы æнкърæн æххуыс кæны мæ аивады", - бафтыдта Мария.

Æвзонг нывгæнæнæг ма радзырдта, Хуссар Ирыстоны кæй у зын объективон критикæ ссарын, уымæ гæсгæ уый йæ куыстытæн критиктæ агуры республикæйæ дарддæр.

Æхсæнадæмон Ассоциаци "Искусство народов мира" 2007 азы снысан кодтой нывгæнæджы бон, ацы бон нымад цæуы æхсæадæмон бæрæгбоныл. Ацы бæрæгбон æрмæст нывгæнджытæ нæ нысан кæнынц, фæлæ аивад æмæ рæсугъдзинад чи уарзы, уыдон. Ацы профессийыл иу мин азæй фылдæр цæуы, æгæрысмæмæй ма рагон адæм фæлвæрдтой айнæг къæдзæхтыл ныв кæнын. Алы заманы дæр нывгæнджытæ æхсæнады нымад уыдысты кадджын адæмыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0