Бестауты Бала: хохмæ хъуамæ скувай, цæмæй дæ йæхимæ суадза

© Sputnik / Наталья АйриянБала Бестауты
Бала Бестауты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕхты Æхсæнадæмон бæрæгбон нысан кæнынц 11 декабры, Радио Sputnik эфиры Бестауты Бала радзырдта, хæхтæн йæ царды цы ахсджиаг нысаниуæг ис, уый тыххæй
Бестауты Бала: хохмæ хъуамæ скувай, цæмæй дæ йæхимæ суадза

Зæххы къорийæн йæ цыппæрæм хай ахсынц хæхтæ, уымæн стыр нысаниуæг ис дунейы экономикон райрæзты, кæмæндæр та хæхтæ сты йæ хæдзар. Бестауты Бала куыд радзырдта, афтӕмӕй уый хæхтæ бауарзта æвзонгæй, уæдæй фæстæмæ æрзылди Ирыстоны хæхтыл иууылдӕр.

"Хохмæ цæугæйæ-иу йæ быны скуывтам, цæмæй нæ йæхимæ суадза. Хистæр фæлтæрæй йæ хъуыстон, зæгъгæ дам, зæдтæ бадынц хохы цъуппытыл, æмæ уымæ гæсгæ сты сыгъдæг", - банысан кодта Бестауты Бала.

Йӕ ныхæстæм гæсгæ, алы хохæн дæр ис йæхи дзуарыбон, хъыгагæн бирæтæ рох кæнынц уыцы æгъдæуттæ. Ныртæккæ ма Чеселты Дыууæдоны астæу Тхелы хъæуы цæрджытæ нысан кæнынц Бурхохы дзуарыбон. Кæд раздæр йæ риумæ хызтысты дзуары лæгтæ, уæд абон та йæ бынмæ бацæуынц æмæ йын уым скувынц.

Бестауты Бала фидарæй æууæнды, хæхты нæлгоймаг кæй слæг вæййы. Уый тыххæй сывæллæтты хъæуы кæнын хæхтæм, цæмæй сын сæ рæсугъддзинад банкъарой, йæ цъитийы донæй йын баназой, йæ уæлдæфæй йын æсулæфой - уырдыгæй райгуыры уарзондзинад фыдыбæстæмæ.

Ирон адæмæн сæ цард хæхтимæ баст у, бæстæ дæр хæхбæстыл нымад у, æмæ уый тыххæй адӕмы царды ахсынц ахсджиаг бынат.

2003 азы ИНО генералон ассамблей снысан кодта 11 декабры æхсæнадæмон хæхты бæрæгбонӕй. Æхсæнадæмон æмбалад æрсидт, цæмæй ацы бон уагъд цæуой мадзæлттæ алы æмвæзадыл дæр æмæ адӕм сæ хъус æрдарой хæхты тынгадмæ æмæ хæхбæсты цы адæм цæрынц, уыдон уавæртæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0