Фыццæгæм марты клуб "Аполлон" банысан кодта сæ равзæрды бон. Ацы бон клубмæ æрбацæуынц æрмæст студенттæ нæ, фæлæ йæ раздæры уæнгтæ дæр, кæцытæн сæ цард уыд ацы клубимæ баст. Клубы æвзонг фæлтæр бацæттæ кæны мадзал.
"Ныртæккæ клубы хайад цы фæсивæд исы, уыдонимæ æртымбыл вæййæм æмæ бацæттæ кæнæм мадзал, æмæ хистæр фæлтæрмæ фæдзурæм", - банысан кодта Сæлимæт.
Уый ма нын радзырдта йæ иууыл ирддæр балцы тыххæй, кæцы уыд Джермухы хохмæ. Уыцы хохмæ йæ рагæй фæстæмæ фæндыд схизын, æмæ йын бантыст клубы фæрцы.
"Мæ мады мад у Цъæритты хъæуæй, уый Уанелæй уæлдæр у, уырдæм нæ бинонтимæ цыдыстæм мæ чысылæй фæстæмæ, æмæ иу йæ галиу фарсæй Джермухы цъупп зынд. Мæ чысылæй фæстæмæ бæллыдтæн, цæмæй искуы уыцы хохмæ хæстæгдæр бацæуон", - загъта Тедеты Сæлимæт.
Сæлимæты ныхæстæм гæсгæ, ахæм балцты адæймагæн йæ миниуджытæ хуыздæр базонæн ис æмæ дзы ссарæн ис æцæг æмгæртты.
Студентон клуб "Аполлон" сывзæрд 1972 азы фыццæгæм марты Саулохты Тамарайы сæргълæудæй.
Паддзахадон телеуынынад кæны ног проект "Алло, мах агурæм амонæг" хистæркъласонты 'хсæн. Проекты автортæй сæ иу Мамиты Григорий куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ацы конкурс сбæрæг кæндзæн рæзгæ фæлтæры курдиат дæр, æмæ ма сæ сразæнгард кæндзæн сомбоны професси равзарынмæ дæр.
"Гæнæн ис æмæ сæ искæй бацымыдис кæна сомбоны профессийæн æмæ суой телеуынынады амонджытæ", - банысан кодта Григорий.
Проекты авторы ныхæстæм гæсгæ, конкурс уагъд цæудзæн 9-11 кълæсты ахуыргæнинæгты 'хсæн, уымæн æмæ ацы кары сывæллæттæ райдайынц хъуыды кæнын сæ сомбоны професийыл.
"Ныридæгæн хайадисджыты нымæц схыст 70 онг, æз уый æнхъæл нæ уыдтæн æмæ сæ афтæ бацымыдис кæндзæн ацы проект", - бафиппайдта Мамиты Григорий.
Хайадисджыты нымæц бирæ кæй у, уый тыххæй проекты автортæ фæивдзысты сæ раздæры план.
Пæрæстаты Дмитрий куыд радзырдта, уымæ гæсгæ чысылæй фæстæмæ йæ бæллиц уыд актер суӕвын. Фӕлӕ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыцы рæстæджы уыд æндыгъд уавæр æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ æмтгæй Советон Цæдисы.
"Уæрæсейæ æрцыд хонӕн фыстæг нæхимæ, цы ран фадат лæвæрдтой Мæскуыйы Щепкины номыл уæлдæр театралон ахуыргӕнӕндонмӕ бацӕуынӕн. Æртымбыл стæм 20 адæймаджы бæрц æмæ ацыдыстым ахуырмæ", - дзуры Дмитрий.
Бӕстондӕрӕй - нӕ видеоӕрмӕджы
ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хъӕбӕр цардуагон ӕвзарӕнты пресс кӕнынӕн фӕзуаты арӕзтад балхынцъ ис, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министрады минӕвар Къацты Сослан.
Фӕзуат ис ног быроны полигоны цур, кӕцы сарӕзтой Цхинвалы районы Ирыхъӕуы. Уым сарӕзтой ангар, кӕдӕм ласдзысты бырон, уый фӕстӕ та йӕ пресс кӕндзысты. Уый фӕдыл бӕстыхайы сӕвӕрдтой сӕрмагонд техникӕ.
"Ифтонггарз кусы. Ӕвзарӕнтӕ пресс кӕнынӕн фӕзуатимӕ полигон цӕттӕ у эксплуатацимӕ раттынмӕ. Тагъд рӕстӕджы скусдзӕн", - банысан кодта Къацты Сослан.
Полигоны территорийыл сӕвӕрдтой вагонтӕ персоналӕн, афтӕ ма дзы ауагътой электрохызӕгтӕ, йӕ бацӕуӕнты та ӕвӕрд ӕрцыд асфальт.
Арӕзтады министрады специалисттӕ куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ацы методикӕйы руаджы зынгӕ фӕкъаддӕр уыдзӕн зианхӕссӕг ӕндӕвдад экологимӕ. Полигонӕй Присы иууыл ӕввахсдӕр цӕрӕг бӕстыхаймӕ у 2,5 километры. Йӕ эксплуатацийы ӕмгъуыд у 25 азы.
Объект арӕзт ӕрцыд инвестицион программӕйы фӕлгӕтты.