Къуылыхты Анна: карантины лæмбынæг бавнæлдтон немыцаг æвзаг ахуыр кæнынмæ

© Sputnik / Наталья АйриянКъуылыхты Анна
Къуылыхты Анна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенткæ Къуылыхты Анна радио Sputnik-ы эфиры радзырдта, куыд æрвиты йæ рæстæг карантины уавæрты
Къуылыхты Аннæ: мæ рæстæг æрвитын æрдзы

Карантин алы фадыджы дæр бахаста йæ ивындзинæдтæ. Республикæйы ахуырадон уагдæттæ иууылдæр æхгæд æрцыдысты коронавирусы эпидемийы тыххæй. ХИПУ-йы студенткæ Къуылыхты Анна йæ интервьюйы загъта, кæй цæттæ кæнынц сæхи фæлварæнтæм.

"Ныфс мæ ис тагъд рæстæджы нæ ахуырмæ кæй æрæвналдзыстæм ног тыхтимæ", - зæгъы Анна.

Къуылыхон банысан кодта, йе 'мгæрттимæ йын кæй ис интернеты руаджы бастдзинад.

"Ныры дуджы алкæмæн дæр ис интернет æмæ æрвылбон дæр афæрсæм кæрæдзи, ахуырмæ дæр нæ фæнды рацæуын", - банысан кодта студенткæ.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй сын университеты радтой уæлæмхас литературæ æмæ сын ныр фæзынд рæстæг, цæмæй уыцы уацмыстæм лæмбынæгдæр æркæсой. Уыцы хыгъды сты ирон классиктæ дæр.

"Ныртæккæ кæсын Нафийы уацмыс "Сырдоны цæссыгтæ" æмæ мæ бон у фидарæй зæгъын, бынтон æндæр цæстæнгасæй кæй бакастæн уыцы фæлгондзмæ", - бафипайтта Къуылыхон.

Аннæ ма куыд загъта уымæ гæсгæ йын фæцис рæстæг, цæмæй лæмбынæгдæр æрæвнала немыцаг æвзаг ахуыр кæнынмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0