Ныййарджытæ тыхстысты сабидæтты æхгæды тыххæй - бирæсывæллонджын мад

© Sputnik / Наталья АйриянÆлборты Людмила
Æлборты Людмила - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы цæрæг, бирæсывæллонджын мад Æлборты Людмила радио Sputnik-ы эфиры радзырдта, куыд æндавы карантин сывæллонджын бинонтыл
Сабидæтты сæхгæд карантины ныййарджытæн зындзинад æвзæрын кæны

Хуссар Ирыстоны эпидемиологон уавæр коронавирусы фæдыл у стабилон. Уымæ гæсгæ чысыл сабиты ныййарджыты цымыдис кæны, сывæллæтты цæхæрадæттæ кæд бакæндзысты. Цалдæр мæйы дæргъы сабидæттæ сты æхгæд карантины. Æлборты Людмилæйы ныхæстæм гæсгæ, уый йæ бинонтимæ æххæст кодта карантины домæнтæ.

"Сывæллæттæ тагъд афæлмæцынц хæдзары, тæлфаг сты æмæ æддæмæ куыннæ хизой, уæд æвзæр æндавы уый сæ психикæйыл", - бафиппайтта Людмила.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдонæн хицауады æрдыгæй бирæ æххуыс æрцыд. Ныры уавæры, дуканиты æргътæ куы фæфылдæр сты, уæд уыцы æххуыс уыд æнæмæнг хъæугæ.
Людмила ма куыд банысан кодта, афтæмæй тынг бирæ ныййарджытæ тыхсынц, сывæллæтты цæхæрадæттæ кæй нæ кусынц уый тыххæй.

"Куыстмæ кæй хъæуы цæуын, уыдон сæ сыввæллæтты кæимæ ныууадзой, уый нæй æмæ уый проблемæ æвзæрын кæны", - загъта сылгоймаг.

Æцæг ма Æлборон банысан кодта уый дæр, æмæ карантин æвæрццагæй кæй бандæвта бирæ ныййарджытыл. Уыдонæн фæзынд фылдæр рæстæг сывæллæттимæ арвитынæн æмæ уый фæрцы æсбæрæг кæной сæ сабиты курдиаттæ.

Цыппæрæмы оперативон штабы рабадты фехъусын кодтой, сабидæттæ кæй бакæндзысты фыццæгæм июлæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0