Ирон литературæ у хъæздыг курдиатджын поэттæй, уымæ гæсгæ Хаджеты Таймуразæн дæр ис йæхи сæрмагонд бынат уыцы хыгъды. Джусойты Сосланы хъуыдымæ гæсгæ, Таймуразæн иннæ поэттæй уæлдай йæ сæрибардзинад уыд уæрæхдæр.
"Алы поэт дæр хъуамæ уа сæрибар, фæлæ Таймуразæн иннæ фысджытæй уæлдай йæ сæрибардзинады æмвæзад уыд уæлдæр, уымæн æмæ йын Хуыцауæй дæтгæ уыд", - банысан кодта Сослан.
Сослан Хаджеты Таймуразы сфæлдыстады банысан кодта дыууæ сæйраг миниуæджы: фыццаг у йæ сæрибардзинад, дыккаг та - йæ поэзийы æвзаг.
"Таймуразы хуызæн поэтты фæрцы ирон культурæ райста индивидуалон хуыз", - бафиппайтта Сослан.
Сослан ма банысан кодта, Таймуразы сфæлдыстады кæй ис сæрмагонд музыкæ æмæ, зæгъгæ, уый тыххæй бирæ зарджытæ фыст æрцыд йе 'мдзæвгæтыл.
Лæмбынæгдæр хъусут аудиоæрмæджы.
Хуссар Ирыстоны нырыккон историйы ис бирæ трагикон датæтæ, уыдонæй иу у 1991 азы 6 январь. æрцыд, уый. Кокойты Тарзан куыд радзырдта, уымæ гæсгæ уыцы бон хъуыды кæны абоны хуызæн.
"Уыцы æхсæв горæтмæ æрбацыдысты гуырдзиаг æфсæддонтæ. Кæй æрбацæудзысты, уый нæ зыдтой æрмæстдæр ирæттæ", - банысан кодта Тарзан.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, горæты цы гуырдзиæгтæ цардысты, уыдон сусæгæй ахъуызыдысты æмæ сæ сыхаг ирон адæмæн нæ загътой, æфсад кæй æрбацæудзæнис, уый тыххæй.
"Райсом адæм æддæмæ хизын байдыдтой сæ хъуыдтæгты фæдыл æмæ федтой, горæты æд автоматтæ æмæ куыйтæ кæй лæууынц гуырдзиаг милиционертæ", - загъта Кокойты Тарзан.
Тарзан куыд банысан кодта, афтæмæй гуырдзиæгтæ бацахстой горæты сæйрагдæр уынгтæ, Театралон фæзуат æмæ райдыдтой сæ æнæгъдау митæ.
Лæмбынæгдæр хъусут аудиоæрмæджы.
Хуссар Ирыстоны стæм адæм ис, Ручъы цæрæг фелсыр Плиты Александры чи нæ зоны. Фæсномыгæй ма йæ хонынц Пушкин. Уый 60 азы кусы Урстуалгомы фелсырæй. Александр куыд радзырдта, уымæ гæсгæ уый каст фæци Сталиниры фелсыры факультет.
"Уыцы аз бакодтой Сталиниры фелсыры хайад. Уырдæм мæ куы бакодтой, уæд кæугæ дæр фæкодтон, иууылдæр дзы чызджытæ ахуыр кодта, æз иунæг лæппу уыдтæн", - радзырдта Александр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый ахуыры фæстæ арвыстой Дзомагъмæ кусынмæ медицинон пунктгæсæй æмæ дзы фæкуыста 3 азы. Уыцы рæстæджы хъæуы уыд 55 хæдзары.
"Уый фæстæ мæ ракодтой нæхимæ Рукъмæ, уыд дзы рынчындон, фæлæ дзы дохтыр нæ уыд. Ничи куымдта уырдæм уавæрты тыххæй, уымæн æмæ иу дзы зымæг мит 2 метрæй къаддæр нæ уарыд", - банысан кодта фелсыр.
Плиты Александр (Пушкин) радзырдта, цы уавæрты куыста, уый тыххæй. Ныр дæр уыцы комы Александр у иунæг дохтыр æмæ йæ куысты æмгъуыд у 60 азы.
Лæмбынæгдæр хъусут аудиоæрмæджы.
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Козаты Диана. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ивгъуыд азы декабры ӕрурӕдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны 28 фехалӕджы, хъусын кӕӕы майрӕмбоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕ.
Мӕй раздӕр дӕр арӕнсӕтджыты ӕмӕ арӕны режим фехалджыты нымӕц уыд 28.
"Декабры цы фӕткхалджыты ӕрурӕдтой, уыдонӕй дӕс фехӕлдтой паддзахадон арӕӕы режим, 18 та – арӕнгӕрон режим. Комитеты арӕнгӕрон службӕ алкӕцы фӕткхӕлдты тыххӕй дӕр уагъд ӕрцыд басгӕрст, уыдон фӕдыл цыппар адӕймаджы ныхмӕ бакондӕуыд уголовон хъуыддӕгтӕ, 22 бафыстой ивартӕ, дыууӕйы та феддӕдуар кодтой республикӕйӕ", - банысан кодтой спецслужбӕйы.
ПӔК ма банысан кодтой, Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн уадзӕн пункттӕ дӕр нырма кӕй сты ӕхгӕд Хелчуайы уӕвӕг пунктӕй дарддӕр.