Зындгонд ирон поэт Дзуццаты Хадзы-Мурæтыл 2020 азы сæххæст уыдаид 80 азы. Гасситы Аннайы хъуыдымæ гæсгæ, ахæм поэты юбилей æнæхъусдардæй нæ хъæуы уадзын.
"Иумæйагæй йæ ахадындзинадыл куы дзурæм, уæд мæнæн Хадзы у рæстдзинад æмæ сæрибардзинады поэт", - банысан кодта Анна.
Гасситы Аннайы ныхæстæм гæсгæ, Хадзы-Мурæт уыд хъæддаг уæгъдибар сæрибардзинад нæ, фæлæ æцæг адæймагон рæстдзинады поэт.
"Хадзыйы сфæлдыстадимæ фыццаг куы базонгæ дæн, уæд мæ зæрдæмæ фæцыд куыд йе 'мдзæвгæ амады формæ, афтæ ма дуне цæй бæрц арф æнкъары, уый", - бифиппайдта Гасситы Анна.
Анна загъта, Хадзыйы сфæлдыстады йæ тынг кæй бацымыдис кодта йæ лирикæ, зæгъгæ, ахæм бунтгæнаг поэтæн куы бантыст уадындзау æхцонæй чи æмбæлы, ахæм æмдзæвгæтæ фыссын.
Лæмбынæгдæр хъусут аудиоæрмæджы.
Хуссар Ирыстоны нырыккон историйы ис бирæ трагикон датæтæ, уыдонæй иу у 1991 азы 6 январь. æрцыд, уый. Кокойты Тарзан куыд радзырдта, уымæ гæсгæ уыцы бон хъуыды кæны абоны хуызæн.
"Уыцы æхсæв горæтмæ æрбацыдысты гуырдзиаг æфсæддонтæ. Кæй æрбацæудзысты, уый нæ зыдтой æрмæстдæр ирæттæ", - банысан кодта Тарзан.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, горæты цы гуырдзиæгтæ цардысты, уыдон сусæгæй ахъуызыдысты æмæ сæ сыхаг ирон адæмæн нæ загътой, æфсад кæй æрбацæудзæнис, уый тыххæй.
"Райсом адæм æддæмæ хизын байдыдтой сæ хъуыдтæгты фæдыл æмæ федтой, горæты æд автоматтæ æмæ куыйтæ кæй лæууынц гуырдзиаг милиционертæ", - загъта Кокойты Тарзан.
Тарзан куыд банысан кодта, афтæмæй гуырдзиæгтæ бацахстой горæты сæйрагдæр уынгтæ, Театралон фæзуат æмæ райдыдтой сæ æнæгъдау митæ.
Лæмбынæгдæр хъусут аудиоæрмæджы.
Хуссар Ирыстоны стæм адæм ис, Ручъы цæрæг фелсыр Плиты Александры чи нæ зоны. Фæсномыгæй ма йæ хонынц Пушкин. Уый 60 азы кусы Урстуалгомы фелсырæй. Александр куыд радзырдта, уымæ гæсгæ уый каст фæци Сталиниры фелсыры факультет.
"Уыцы аз бакодтой Сталиниры фелсыры хайад. Уырдæм мæ куы бакодтой, уæд кæугæ дæр фæкодтон, иууылдæр дзы чызджытæ ахуыр кодта, æз иунæг лæппу уыдтæн", - радзырдта Александр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый ахуыры фæстæ арвыстой Дзомагъмæ кусынмæ медицинон пунктгæсæй æмæ дзы фæкуыста 3 азы. Уыцы рæстæджы хъæуы уыд 55 хæдзары.
"Уый фæстæ мæ ракодтой нæхимæ Рукъмæ, уыд дзы рынчындон, фæлæ дзы дохтыр нæ уыд. Ничи куымдта уырдæм уавæрты тыххæй, уымæн æмæ иу дзы зымæг мит 2 метрæй къаддæр нæ уарыд", - банысан кодта фелсыр.
Плиты Александр (Пушкин) радзырдта, цы уавæрты куыста, уый тыххæй. Ныр дæр уыцы комы Александр у иунæг дохтыр æмæ йæ куысты æмгъуыд у 60 азы.
Лæмбынæгдæр хъусут аудиоæрмæджы.
ЦХИНВАЛ, 20 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны рынчындоны интенсивон терапийы хайады ис цыппар пациенты коронавирусимӕ, радзырдта Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы хистӕр Коцты Марина.
Хуссар Ирыстоны коронавирусы пандемийы райдианӕй сарӕзтой 14577 иртӕсты, уыдонӕй 2652 равдыстой тӕссаг инфекцион низы уӕвынад.
"Ивгъуыд суткӕйы сарӕзтӕуыд 132 тесты, уыдонӕй 37 адӕймагӕн разынд COVID-19", - загъта Коцты Марина.
Стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл республикӕйы сты 923 адӕймаджы, уыдонӕй 84 хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.
Сӕйраг санитарон дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Ленингоры рынчындоны коронавирусимӕ тох кӕнынц ӕхсӕз рынчыны, Къуаисайы та - авд.