Кокойты Анна: уадындзыл цæгъдын мæ фæндыд чысылæй фæстæмæ

© Sputnik / Михаил ХасиевКокойты Анна
Кокойты Анна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадон университеты студенткæ Кокойты Анна радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта уадындзыл цæгъдын куыд сахуыр, уый тыххæй
Кокойты Аннæ: уадындзыл цæгъдын мæ фæндыд чысылæй фæстæмæ

Ирон адæммæ цалдæр нæртон иснтрумент ис, сæ иу у уадындз. Кокойты Анна радзырдта, скъолайы кæй ахуыр кодта уадындзыл цæгъдын.

"Мæ фыдæн загътон уасæн мæ кæй хъæуы, æмæ ацыдыстæм сæрмагондæй уыцы инструмент æлхæнынмæ", - загъта Анна.

Æрæджы фæзынд фæсивæды къорд, кæцытæ архайынц ирон музыкалон инструменттыл цæгъдын. Аннайы ныхæстæм гæсгæ, кæд сæ къорд нырма æрыгон у, мæ йын нырма ном дæр нæй, уæддæр архайынц тынг зæрдиагæй.

"Тынг æнæнхъæлæджы æртымбыл стæм, Гаглойты Алан нæ æрæмбырд кодта, æмæ уæдæй фæстæмæ ахуыр кæнæм цæгъдын", - банысан кодта студенткæ.

Кокойты Анна ма бынысан кодта, ирон инструменттыл цæгъдгæйæ кæй фæивта йæ цардахаст, æмæ йæ алыварс кæй фæзынд бирæ цымыдисон адæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0