Ацы аз 15 декабры зындгонд ирон ахуыргонд Абайты Уасойæн нысан кæнынц йæ 120 азы юбилей. Филологон зонæдты кандитат Дзиццойты Юрийы ныхæстæм гæсгæ, Уасо уыдис йæ дæсныйады æппæты раззагонтæй сæ иу.
"Ис ахæм ахуыргæндтæ, кæцытæ ногдзинæдтæ бахæссынц теоримæ, Абайты Васо дæр уыд уыцы ахуыргæндтæй. Фонемæйыл бирæ ныхас цыдис, фæлæ Абайты Уасо йæ ныхас загъта, цы у фонемæ æмæ йæ куыд хъæуы æмбарын", - банысан кодта Дзиццойты Юрий.
Юрий ма куыд загъта, уымæ гæсгæ Уасо кæд стыр ахуыргонд уыдис, уæддæр æй Уæрæсейы фылдæр зыдтой фæсарæнтæм абаргæйæ. Уымæн уыд цалдæр аххосаджы Юрийы хъуыдымæ гæсгæ. Фыццаг уый, æмæ йæ куыстыты фылдæр хай фыст æрцыд уырыссаг æвзагыл, дыккаг та – "æфсæйнаг æмбæрзæны" тыххæй, зонадон литературæ зынтæй æфтыдис æддæмæ дæр æмæ мидæмæ дæр.
"Уый аххосæй Абайты Уасойы фæсарæнты къаддæр зонынц. Ныр ын йæ ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат англисаг æвзагмæ тæлмац кæнынц, фыццаг том уал рацыд æмæ йæ хуыздæр базондзысты", - бафиппайдта ахуыргонд.
Дзиццойты Юрий банысан кодта, зæгъгæ, æвзагзонынады куысты æвзонг ахуыргæндтæн Абайты Уасойы сæрты ахизæн нæй, уымæн æмæ уый сæвæртта бындур.
Алы бæстæйæн дæр ис паддзахадон символтæ, сæ иу у гимн. Алкæмæн дæр зындгонд у, Хуссар Ирыстоны гимны автортæй сæ иу кæй у Кокайты Тотрадз. Поэт куыд загъта, уымæ гæсгæ гимны ныхæстæ райгуырдысты æнæнхъæлæджы.
"Уыцы рæстæджы Æлборты Феликсы сфæлдыстадимæ уыдтæн зонгæ, фæлæ йын йæхи нæма зыдтон", - загъта Тотрадз.
Тотрадз куыд радзырдта, афтæмæй Феликс уыд диссаджы курдиаты хицау æмæ гимны музыкæ ныфысста иу æхсæвмæ.
"Цалдæр композиторæй мæм æрбацыдысты, зарджытæ кæй фыстон, уый зыдтой, æмæ мæм æрбахатыдысты, гимны ныхæстæ ныфысс, зæгъгæ. Æз сын загътон, гимн хуымæтæг фыссгæ нæу æмæ сæ арвыстон", - банысан кодта Кокайты Тотрадз.
Кокайты Тотрадз уыцы рæстæг æрымысгæйæ банысан кодта, Æлборты Феликс æй йæхæдæг кæй равзæрста, цæмæй гимны ныхæстæ ныффысса. Кæд æмæ Цæгат Ирыстоны конкурсы "Кады зарæг" нæ рамбылдта, уæддæр æй 1995 азы Хуссар Ирыстоны парламент равзæрста паддзахадон гимнæй.
Ирыстон курдиатджын поэттæй цух нæ уыд, фæлæ сылгоймаг йæ хъуыдытæ рифмæты куы сбæтты, уый уæлдай ахаст домы. Годжыцаты Нелли куыд радзырдта, уымæ гæсгæ поэт кæй у, ууыл йæхицæн æрæджы басаст.
"Мæхицæн загътон, цæй кæмæй æмбæхсын поэт дæн, иугæр уыййас аз рацыд æмæ дзы мæ зæрдæйæн æнцойдзинад исын, уæд афтæ у бæлвырддæр", - загъта Нелли.
ЦХИНВАЛ, 26 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурӕ ауагъта басгӕрст столицӕйы кафе "Vincenzo"-йы мыздтӕ нӕ фидыны фӕдыл.
Ӕмбӕлон барамынд радта республикӕйы генпрокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг социалон хызӕг Instagram-ы куы фӕзынд хъусинаг, ома 2020 азы мартӕй фӕстӕмӕ кафейы кусджытӕн мызд нӕ фидынц, уый фӕстӕ.
Уагдоны пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй прокуророн басгӕрсты рӕстӕджы ӕркастысты мызды фӕдыл документтӕм фарон мартӕй фӕстӕмӕ ныры рӕстӕджы онг периоды.
"Афтӕ ма ӕрныхас кодтой кафейы кусджытимӕ, кӕцытӕ банысан кодтой, мызд сын кӕй фидынц рӕстӕгыл фӕллойады бадзырдты домӕнтӕм гӕсгӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Басгӕрсты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, информаци, кӕцы ныммыхуыр кодтой социалон хызӕджы, не сфидар кодтой.