Абайты Уасойы юбилейы цытӕн мадзæлттæ уагъд æрцыдысты куыд Цæгаты, афтæ Хуссар Иры дæр. Ирон æвзаджы эксперт Битарты Зоя куыд радзырдта, уымæ гæсгæ тагъд мыхуыры рацæудзын чиныг, цы ран уый æрæмбырд кодта Уасойыл цыдæриддæр æрмæг фыс æрцыд, уыдон.
"Фæсарæнты Уасойæн цы аргъ скодтой, уый йеныр базыдтон æмæ мæхицæн загътон, зӕгъын, цыдæриддæр æрмæг фыст æрцыд, уыдон хъуамæ æртымбыл кæнон æмæ сæ адæмы рæзмæ рахæссæм", - банысан кодта Битарты Зоя.
Ахуыргонды ныхæстæм гæсгæ, уыцы чиныджы æрмæджытæ тымбыл кæнынмæ лæмбынæгæй æрæвналдта 2020 азы райдианы.
"Чиныджы ис 2850 фарсы æмæ конд у æртæ томæй. Ис дзы æндæр бæстæты æмæ нæхи ахуыргæндты æрмæджытæ дæр", - загъта Битарон.
Автор куыд бафтыдта, уымæ гæсгæ фыццаг томмæ бацыдысты, Уасойыл чингуытæ чи ныффыста уыцы автортæ. Дыккаг томы лæвæрд цæуынц ахуыргæндты иртасæн куыстытæ Уасойы куыстыты тыххæй, æртыккаг хайы та ис фæсарæйнаг ахуыргæндты куыстытæ æнæ тæлмацæй оригиналон æвзагыл, æмæ цыдæридæр Уасойæн хæрзиуджытæ лæвæрд æрцыд, уыдон.
Алы бæстæйæн дæр ис паддзахадон символтæ, сæ иу у гимн. Алкæмæн дæр зындгонд у, Хуссар Ирыстоны гимны автортæй сæ иу кæй у Кокайты Тотрадз. Поэт куыд загъта, уымæ гæсгæ гимны ныхæстæ райгуырдысты æнæнхъæлæджы.
"Уыцы рæстæджы Æлборты Феликсы сфæлдыстадимæ уыдтæн зонгæ, фæлæ йын йæхи нæма зыдтон", - загъта Тотрадз.
Тотрадз куыд радзырдта, афтæмæй Феликс уыд диссаджы курдиаты хицау æмæ гимны музыкæ ныфысста иу æхсæвмæ.
"Цалдæр композиторæй мæм æрбацыдысты, зарджытæ кæй фыстон, уый зыдтой, æмæ мæм æрбахатыдысты, гимны ныхæстæ ныфысс, зæгъгæ. Æз сын загътон, гимн хуымæтæг фыссгæ нæу æмæ сæ арвыстон", - банысан кодта Кокайты Тотрадз.
Кокайты Тотрадз уыцы рæстæг æрымысгæйæ банысан кодта, Æлборты Феликс æй йæхæдæг кæй равзæрста, цæмæй гимны ныхæстæ ныффысса. Кæд æмæ Цæгат Ирыстоны конкурсы "Кады зарæг" нæ рамбылдта, уæддæр æй 1995 азы Хуссар Ирыстоны парламент равзæрста паддзахадон гимнæй.
Ирыстон курдиатджын поэттæй цух нæ уыд, фæлæ сылгоймаг йæ хъуыдытæ рифмæты куы сбæтты, уый уæлдай ахаст домы. Годжыцаты Нелли куыд радзырдта, уымæ гæсгæ поэт кæй у, ууыл йæхицæн æрæджы басаст.
"Мæхицæн загътон, цæй кæмæй æмбæхсын поэт дæн, иугæр уыййас аз рацыд æмæ дзы мæ зæрдæйæн æнцойдзинад исын, уæд афтæ у бæлвырддæр", - загъта Нелли.
ЦХИНВАЛ, 26 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурӕ ауагъта басгӕрст столицӕйы кафе "Vincenzo"-йы мыздтӕ нӕ фидыны фӕдыл.
Ӕмбӕлон барамынд радта республикӕйы генпрокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг социалон хызӕг Instagram-ы куы фӕзынд хъусинаг, ома 2020 азы мартӕй фӕстӕмӕ кафейы кусджытӕн мызд нӕ фидынц, уый фӕстӕ.
Уагдоны пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй прокуророн басгӕрсты рӕстӕджы ӕркастысты мызды фӕдыл документтӕм фарон мартӕй фӕстӕмӕ ныры рӕстӕджы онг периоды.
"Афтӕ ма ӕрныхас кодтой кафейы кусджытимӕ, кӕцытӕ банысан кодтой, мызд сын кӕй фидынц рӕстӕгыл фӕллойады бадзырдты домӕнтӕм гӕсгӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Басгӕрсты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, информаци, кӕцы ныммыхуыр кодтой социалон хызӕджы, не сфидар кодтой.