Кокойты Тарзан: Дзуццаты Хадзы-Мураты фæзынд ирон поэзийы уыд уникалон

© Sputnik / Наталья АйриянКокойты Тарзан
Кокойты Тарзан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны раздæры депутат Кокойты Тарзан радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта Дзуццаты Хадзы-Мураты сфæлдыстады тыххæй
Кокойты Тарзан: Дзуццаты Хадзы-Мураты фæзынд ирон поэзийы уыд уникалон

Ацы аз январы зындгонд ирон поэт, æхсæнадон архайæг, публицист Дзуццаты Хадзы-Муратыл сыххæст уыдаид 86 азы. Кокойты Тарзан куыд загъта, уымæ гæсгæ Хаджийы сфæлдыстад ирон поэзийы æмæ культурæйы уыд уникалон фæзынд.

"Скъола каст куы фæци, уæд йæхи тыхтæй æмæ хъæппæрисæй радта фæлварæнтæ Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институтмæ æмæ уый дæр каст фæци сырх дипломыл", - загъта Тарзан.

Кокойты Тарзаны ныхæстæм гæсгæ, Хадзы-Мурат йæ сфæлдыстадæй æнустæм фыст æрцыд ирон поэзийы хæзнадоны, фæлæ иууыл диссагдæр уыд йе 'мбæстагон позици.

"Хаджи хаудта 60-æм азы поэттæм, ахуыр кодта Евгений Евтушенкоимæ æмæ йæхимæ райста уыцы дуджы арф нысаниуджытæ", - банысан кодта Кокойты Тарзан.

Тарзан ма куыд загъта, уымæ гæсгæ Дзуццаты Хадзы-Мурат удыхъæдæй уыд æфсæрмдзæстыг æмæ хуымæтæг адæймаг, фæлæ дзы мидæгæй сыгъд арт.

Лæмбынæгдæр хъусут аудиоæрмæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0