Ацы аз 14 январы зындгонд ирон зарæггæнæг Сагкаты Валерæйыл сæххæст уыдаит 70 азы. Харебаты Вадим куыд загъта, уымæ гæсгæ Валерæйæн уыд уникалон тембр.
"Æз абоны онг дæр нæма нæ фехъуыстон ахæм хъæлæс, йæ уды æнкъарæнтæ йæ хъæлæсæй афтæ æвдыста, æмæ йæм чи хъуыста, уыдон иу æй бауарзтой уайтагъд", - загъта Вадим.
Харебаты Вадимы ныхæстæм гæсгæ, Сагкаты Валерий уыд сыгъдæгзæрдæ æмæ æнæхин.
"Мæгуырæй схъомыл ис æмæ афтæ чи схъомыл вæййы, уый стæй цардæн тынгдæр аргъ кæны", - банысан кодта зарæггæнæг.
Сагкаты Валерийы цард мысгæйæ Вадим банысан кодта, уый зæрдæйæ кæй æххæст кодта йæ зарджытæ æмæ йын уымæн стыр табу кæй кодтой сценамæкæсджытæ.
Лæмбынæгдæр хъусут ауидоæрмæджы.
Паддзахадон телеуынынад кæны ног проект "Алло, мах агурæм амонæг" хистæркъласонты 'хсæн. Проекты автортæй сæ иу Мамиты Григорий куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ацы конкурс сбæрæг кæндзæн рæзгæ фæлтæры курдиат дæр, æмæ ма сæ сразæнгард кæндзæн сомбоны професси равзарынмæ дæр.
"Гæнæн ис æмæ сæ искæй бацымыдис кæна сомбоны профессийæн æмæ суой телеуынынады амонджытæ", - банысан кодта Григорий.
Проекты авторы ныхæстæм гæсгæ, конкурс уагъд цæудзæн 9-11 кълæсты ахуыргæнинæгты 'хсæн, уымæн æмæ ацы кары сывæллæттæ райдайынц хъуыды кæнын сæ сомбоны професийыл.
"Ныридæгæн хайадисджыты нымæц схыст 70 онг, æз уый æнхъæл нæ уыдтæн æмæ сæ афтæ бацымыдис кæндзæн ацы проект", - бафиппайдта Мамиты Григорий.
Хайадисджыты нымæц бирæ кæй у, уый тыххæй проекты автортæ фæивдзысты сæ раздæры план.
Пæрæстаты Дмитрий куыд радзырдта, уымæ гæсгæ чысылæй фæстæмæ йæ бæллиц уыд актер суӕвын. Фӕлӕ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыцы рæстæджы уыд æндыгъд уавæр æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ æмтгæй Советон Цæдисы.
"Уæрæсейæ æрцыд хонӕн фыстæг нæхимæ, цы ран фадат лæвæрдтой Мæскуыйы Щепкины номыл уæлдæр театралон ахуыргӕнӕндонмӕ бацӕуынӕн. Æртымбыл стæм 20 адæймаджы бæрц æмæ ацыдыстым ахуырмæ", - дзуры Дмитрий.
Бӕстондӕрӕй - нӕ видеоӕрмӕджы
ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хъӕбӕр цардуагон ӕвзарӕнты пресс кӕнынӕн фӕзуаты арӕзтад балхынцъ ис, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министрады минӕвар Къацты Сослан.
Фӕзуат ис ног быроны полигоны цур, кӕцы сарӕзтой Цхинвалы районы Ирыхъӕуы. Уым сарӕзтой ангар, кӕдӕм ласдзысты бырон, уый фӕстӕ та йӕ пресс кӕндзысты. Уый фӕдыл бӕстыхайы сӕвӕрдтой сӕрмагонд техникӕ.
"Ифтонггарз кусы. Ӕвзарӕнтӕ пресс кӕнынӕн фӕзуатимӕ полигон цӕттӕ у эксплуатацимӕ раттынмӕ. Тагъд рӕстӕджы скусдзӕн", - банысан кодта Къацты Сослан.
Полигоны территорийыл сӕвӕрдтой вагонтӕ персоналӕн, афтӕ ма дзы ауагътой электрохызӕгтӕ, йӕ бацӕуӕнты та ӕвӕрд ӕрцыд асфальт.
Арӕзтады министрады специалисттӕ куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ацы методикӕйы руаджы зынгӕ фӕкъаддӕр уыдзӕн зианхӕссӕг ӕндӕвдад экологимӕ. Полигонӕй Присы иууыл ӕввахсдӕр цӕрӕг бӕстыхаймӕ у 2,5 километры. Йӕ эксплуатацийы ӕмгъуыд у 25 азы.
Объект арӕзт ӕрцыд инвестицион программӕйы фӕлгӕтты.