Телеграм каналы пайдагæнджытæн фадат фæзынд, цæмæй йын йæ интерфейс кæсой иронау. Йæ рацаразæг Плиты Къоста куыд загъта, уымæ гæсгæ Телеграмы къухдариуæгад куы радта ахæм фадат, уæд дзы уый уайтагъддæр спайда кодта.
"Вячеслав Иванов у "В Контакте"-йы ирон версийы бындурæвæрæг, афтæ ма ирон Википедийы автор, æмæ мын уый феххуыс мæ куысты", - загъта Къоста.
Лæппуйы ныхæстæм гæсгæ, зындзинæдтæ бавзæрстой техникон фарстыты.
"Ирон дамгъæ "Æ" кирилицæйы арæх не 'мбæлы, стæй кливиатурæйы дæр нæй, æмæ уый мидæг уыд йæ зындзинад. Афтæ ма бирæ терминтæ не сты тæлмацгонд ирон æвзагмæ æмæ уым дæр агуырдтон эквиваленттæ", - банысан кодта Плиты Къоста.
Къоста ма куыд радзырдта, уымæ гæсгæ æрæджы ныффыста чиныг ирон æвзагыл Java æвзагы тыххæй, цы ран раиртæста, цы техникон миниуджытæ æмæ конструкцитæ ис уыцы æвзаджы. Чиныг æрвыст æрцыд литературон преми "Булæмæргъ"-мæ, æмæ ныр автор æнхъæлмæ кæсы хатдзæгтæм.
Паддзахадон телеуынынад кæны ног проект "Алло, мах агурæм амонæг" хистæркъласонты 'хсæн. Проекты автортæй сæ иу Мамиты Григорий куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ацы конкурс сбæрæг кæндзæн рæзгæ фæлтæры курдиат дæр, æмæ ма сæ сразæнгард кæндзæн сомбоны професси равзарынмæ дæр.
"Гæнæн ис æмæ сæ искæй бацымыдис кæна сомбоны профессийæн æмæ суой телеуынынады амонджытæ", - банысан кодта Григорий.
Проекты авторы ныхæстæм гæсгæ, конкурс уагъд цæудзæн 9-11 кълæсты ахуыргæнинæгты 'хсæн, уымæн æмæ ацы кары сывæллæттæ райдайынц хъуыды кæнын сæ сомбоны професийыл.
"Ныридæгæн хайадисджыты нымæц схыст 70 онг, æз уый æнхъæл нæ уыдтæн æмæ сæ афтæ бацымыдис кæндзæн ацы проект", - бафиппайдта Мамиты Григорий.
Хайадисджыты нымæц бирæ кæй у, уый тыххæй проекты автортæ фæивдзысты сæ раздæры план.
Пæрæстаты Дмитрий куыд радзырдта, уымæ гæсгæ чысылæй фæстæмæ йæ бæллиц уыд актер суӕвын. Фӕлӕ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыцы рæстæджы уыд æндыгъд уавæр æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ æмтгæй Советон Цæдисы.
"Уæрæсейæ æрцыд хонӕн фыстæг нæхимæ, цы ран фадат лæвæрдтой Мæскуыйы Щепкины номыл уæлдæр театралон ахуыргӕнӕндонмӕ бацӕуынӕн. Æртымбыл стæм 20 адæймаджы бæрц æмæ ацыдыстым ахуырмæ", - дзуры Дмитрий.
Бӕстондӕрӕй - нӕ видеоӕрмӕджы
ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хъӕбӕр цардуагон ӕвзарӕнты пресс кӕнынӕн фӕзуаты арӕзтад балхынцъ ис, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министрады минӕвар Къацты Сослан.
Фӕзуат ис ног быроны полигоны цур, кӕцы сарӕзтой Цхинвалы районы Ирыхъӕуы. Уым сарӕзтой ангар, кӕдӕм ласдзысты бырон, уый фӕстӕ та йӕ пресс кӕндзысты. Уый фӕдыл бӕстыхайы сӕвӕрдтой сӕрмагонд техникӕ.
"Ифтонггарз кусы. Ӕвзарӕнтӕ пресс кӕнынӕн фӕзуатимӕ полигон цӕттӕ у эксплуатацимӕ раттынмӕ. Тагъд рӕстӕджы скусдзӕн", - банысан кодта Къацты Сослан.
Полигоны территорийыл сӕвӕрдтой вагонтӕ персоналӕн, афтӕ ма дзы ауагътой электрохызӕгтӕ, йӕ бацӕуӕнты та ӕвӕрд ӕрцыд асфальт.
Арӕзтады министрады специалисттӕ куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ацы методикӕйы руаджы зынгӕ фӕкъаддӕр уыдзӕн зианхӕссӕг ӕндӕвдад экологимӕ. Полигонӕй Присы иууыл ӕввахсдӕр цӕрӕг бӕстыхаймӕ у 2,5 километры. Йӕ эксплуатацийы ӕмгъуыд у 25 азы.
Объект арӕзт ӕрцыд инвестицион программӕйы фӕлгӕтты.