Гениалон актрисæ, курдиатджын поэт, стыр адæймаг - ацы миниуджытæ иууылдæр Дзудцаты Тамерлан балæвар кодта Ирыстоны адæмон артисткæ Галуанты Людмилайæн.
"Нæ дызæрдыг кæнын æмæ йæ зæгъдзынæн, Люда кæй у стыр дамгъæтæй фыст гениалон актрисæ", - загъта Тамерлан.
Ирон актирсæтæй иууыл гениалоныл дæр нымад уыд Дзаттиаты Сона, фæлæ, режиссеры хъуыдымæ гæсгæ, Людмила дæр уый æмрæнхъ лæууы театралон дунейы.
"Люда сценæйыл иу фæлгондз дæр нæ сарæзта хыгъдмæ бахæссынæн, фæлæ алкæцыйыл дæр лæмбынæг бакусы æмæ нæ фæлхатт кæны йæхи сценæйыл", - банысан кодта режиссер.
Дзудцаты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ, Галуанты Людмила спектакль "Ныййарæджы кадæг"-ы тыххæй у Гиннессы чиныгмæ хæссинаг. Ацы спектакль фыццаг хатт сценæйыл сæвæрдта Хъайырты Владимир, Людмила ахъазыд уым сæйраг роль хæрз æвзонг чызгæй. Дыккаг режиссер та уыд Анатолий Азаревич, актрисæйыл уæд 40 азы æххæст кодта. Æртыккаг режиссер - Дзудцаты Тамерлан 2015 азы сывæрдта ацы спектакль æмæ уым дæр сæйраг роль ахъазыд Галуанты Людмилæ, уыцы рæстæджы актрисæйыл æххæст кодта 80 азы.
Паддзахадон телеуынынад кæны ног проект "Алло, мах агурæм амонæг" хистæркъласонты 'хсæн. Проекты автортæй сæ иу Мамиты Григорий куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ацы конкурс сбæрæг кæндзæн рæзгæ фæлтæры курдиат дæр, æмæ ма сæ сразæнгард кæндзæн сомбоны професси равзарынмæ дæр.
"Гæнæн ис æмæ сæ искæй бацымыдис кæна сомбоны профессийæн æмæ суой телеуынынады амонджытæ", - банысан кодта Григорий.
Проекты авторы ныхæстæм гæсгæ, конкурс уагъд цæудзæн 9-11 кълæсты ахуыргæнинæгты 'хсæн, уымæн æмæ ацы кары сывæллæттæ райдайынц хъуыды кæнын сæ сомбоны професийыл.
"Ныридæгæн хайадисджыты нымæц схыст 70 онг, æз уый æнхъæл нæ уыдтæн æмæ сæ афтæ бацымыдис кæндзæн ацы проект", - бафиппайдта Мамиты Григорий.
Хайадисджыты нымæц бирæ кæй у, уый тыххæй проекты автортæ фæивдзысты сæ раздæры план.
Пæрæстаты Дмитрий куыд радзырдта, уымæ гæсгæ чысылæй фæстæмæ йæ бæллиц уыд актер суӕвын. Фӕлӕ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыцы рæстæджы уыд æндыгъд уавæр æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ æмтгæй Советон Цæдисы.
"Уæрæсейæ æрцыд хонӕн фыстæг нæхимæ, цы ран фадат лæвæрдтой Мæскуыйы Щепкины номыл уæлдæр театралон ахуыргӕнӕндонмӕ бацӕуынӕн. Æртымбыл стæм 20 адæймаджы бæрц æмæ ацыдыстым ахуырмæ", - дзуры Дмитрий.
Бӕстондӕрӕй - нӕ видеоӕрмӕджы
ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хъӕбӕр цардуагон ӕвзарӕнты пресс кӕнынӕн фӕзуаты арӕзтад балхынцъ ис, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министрады минӕвар Къацты Сослан.
Фӕзуат ис ног быроны полигоны цур, кӕцы сарӕзтой Цхинвалы районы Ирыхъӕуы. Уым сарӕзтой ангар, кӕдӕм ласдзысты бырон, уый фӕстӕ та йӕ пресс кӕндзысты. Уый фӕдыл бӕстыхайы сӕвӕрдтой сӕрмагонд техникӕ.
"Ифтонггарз кусы. Ӕвзарӕнтӕ пресс кӕнынӕн фӕзуатимӕ полигон цӕттӕ у эксплуатацимӕ раттынмӕ. Тагъд рӕстӕджы скусдзӕн", - банысан кодта Къацты Сослан.
Полигоны территорийыл сӕвӕрдтой вагонтӕ персоналӕн, афтӕ ма дзы ауагътой электрохызӕгтӕ, йӕ бацӕуӕнты та ӕвӕрд ӕрцыд асфальт.
Арӕзтады министрады специалисттӕ куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ацы методикӕйы руаджы зынгӕ фӕкъаддӕр уыдзӕн зианхӕссӕг ӕндӕвдад экологимӕ. Полигонӕй Присы иууыл ӕввахсдӕр цӕрӕг бӕстыхаймӕ у 2,5 километры. Йӕ эксплуатацийы ӕмгъуыд у 25 азы.
Объект арӕзт ӕрцыд инвестицион программӕйы фӕлгӕтты.