Ирыстон курдиатджын поэттæй цух нæ уыд, фæлæ сылгоймаг йæ хъуыдытæ рифмæты куы сбæтты, уый уæлдай ахаст домы. Годжыцаты Нелли куыд радзырдта, уымæ гæсгæ поэт кæй у, ууыл йæхицæн æрæджы басаст.
"Мæхицæн загътон, цæй, кæмæй йæ æмбæхсын, поэт кæй дæн, иугæр уыййас аз рацыд æмæ дзы мæ зæрдæйæн æнцойдзинад исын, уæд афтæ у бæлвырддæр", - загъта Нелли.
Неллийы ныхæстæм гæсгæ, фыццаг æмдзæвгæ ныфысста скъолайы 6 къласы куы ахуыр кодта, уæд æмæ йын мыхуыры дæр рацыд.
"Уæд ма нæ цытджын поэттæ удæгас уыдысты: Козаты Исидор, Икъаты Владимир, Æлборты Хадзы-Умар, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Миндиашвили Серго. Тынг мыл аудыттой, уæлдай хорз ахаст сæм уыд мæнмæ", - бафиппайдта Нелли.
Поэтессæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ йæ иууыл стырдæр критиктæ сты йæ бинонтæ. Уый фидарæй уырны, критикæйæн кæй ис хорз фæстиуджытæ.
Лæмбынæгдæр хъусут нæ аудиоæрмæджы.
Паддзахадон телеуынынад кæны ног проект "Алло, мах агурæм амонæг" хистæркъласонты 'хсæн. Проекты автортæй сæ иу Мамиты Григорий куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ацы конкурс сбæрæг кæндзæн рæзгæ фæлтæры курдиат дæр, æмæ ма сæ сразæнгард кæндзæн сомбоны професси равзарынмæ дæр.
"Гæнæн ис æмæ сæ искæй бацымыдис кæна сомбоны профессийæн æмæ суой телеуынынады амонджытæ", - банысан кодта Григорий.
Проекты авторы ныхæстæм гæсгæ, конкурс уагъд цæудзæн 9-11 кълæсты ахуыргæнинæгты 'хсæн, уымæн æмæ ацы кары сывæллæттæ райдайынц хъуыды кæнын сæ сомбоны професийыл.
"Ныридæгæн хайадисджыты нымæц схыст 70 онг, æз уый æнхъæл нæ уыдтæн æмæ сæ афтæ бацымыдис кæндзæн ацы проект", - бафиппайдта Мамиты Григорий.
Хайадисджыты нымæц бирæ кæй у, уый тыххæй проекты автортæ фæивдзысты сæ раздæры план.
Пæрæстаты Дмитрий куыд радзырдта, уымæ гæсгæ чысылæй фæстæмæ йæ бæллиц уыд актер суӕвын. Фӕлӕ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыцы рæстæджы уыд æндыгъд уавæр æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ æмтгæй Советон Цæдисы.
"Уæрæсейæ æрцыд хонӕн фыстæг нæхимæ, цы ран фадат лæвæрдтой Мæскуыйы Щепкины номыл уæлдæр театралон ахуыргӕнӕндонмӕ бацӕуынӕн. Æртымбыл стæм 20 адæймаджы бæрц æмæ ацыдыстым ахуырмæ", - дзуры Дмитрий.
Бӕстондӕрӕй - нӕ видеоӕрмӕджы
ЦХИНВАЛ, 3 мар - Sputnik. Хуссар Иры Гӕззаты Вадимы номыл милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды сбӕрӕг кодтой физикон ӕгъдауӕй иууыл цӕттӕдӕр кусджыты. Ерыстӕ ӕрӕмных кодтой къорды сырӕзты 29-ӕм афӕдзыбонмӕ, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.
Уӕлахиздзауты бӕрӕг кодтой куыд командон, афтӕ хисӕрмагонд бахыгъды дӕр.
"Командон бахыгъды фыццаг бынатмӕ рахызт 1-аг оперативон ротӕ, дыккаг бынат бацахста 2-аг оперативон ротӕ, ӕртыккаг бынат та бацис 3-аг оперротӕйы", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Афтӕ ма ацыдысты ерыстӕ хисӕрмагонд бахыгъды дӕр цалдӕр спортивон дисциплинӕйӕ ӕмӕ цыппар уӕзы категорийы.
Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды дӕлхайӕдты хсӕн ерыстӕ уагъд фӕцӕуынц ӕрвылаз дӕр спорты хуызтӕ парахат кӕнын ӕмӕ хисӕрмагонд сконды профессионалон цӕттӕдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕныны нысанӕн.