Гасситы Ацæмæз: ирон культурæйы райрæзтыл хъуамæ кусой ирæттæ сæхæдæг

Рафыссын
Æлборты Феликсы номыл музыкалон ахуыргæнæндоны вокалы педагог Гасситы Ацæмæз радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта йæ профессийы тыххæй

Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны иннæ хайæдты æмрæнхъ ис вокалон хайад, уым ахуыргæнджытæй сæ иу у Гасситы Ацæмæз. Уый радзырдта Sputnik, афтæмæй музыкалон хахх равзæрста уымæн æмæ йæ фæндыд йæ фарстытæн дзуаппытæ ссарын.

"Фæндыд мæ ноджы фылдæр базонын, уымæн æмæ мæм бирæ фарстытæ фæзынд ирон культурæйы тыххæй, кæцытæн нæ райстон дзуапп", - загъта Ацæмæз.

 

Гасситы Ацæмæзы банысан кодта, зæгъгæ ирон культурæйы райрæзтыл хъуамæ кусой ирæттæ сæхæдæг, цæмæй дзы хорзырдæм ивындзинæдтæ æрцæуа.

Ног хабӕртты лентӕ
0