Гæбæраты Фатимæ Ирон æвзаджы боны тыххæй: ныййарджытæ сæ сабитæм иронау нал дзурынц

© Sputnik / Виталий ДенисовГæбæраты Фатимæ
Гæбæраты Фатимæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.05.2021
Рафыссын
Паддзахадон аивæдты лицейы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæ радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта ирон æвзаджы боны тыххæй
Гæбæраты Фатимæ: ныййарджытæ сæ сывæллæттимæ нал дзурынц иронау

Æрвылаз дæр 15 майы ирон адæм хуссарæй цæгатмæ нысан кæнынц ирон æвзаджы бæрæгбон. Ацы бон снысан кодтой, 1899 азы 15 майы Хетæгкаты Къостайы чиныг "Ирон фæндыр" мыхуыры кæй рацыд, уый тыххæй. Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæйы хъуыдымæ гæсгæ, Къостайы чиныг мыхуыры рацады агъоммæ ирон æхсæнад уыд дихтæ, æмæ сæ "Ирон фæндыр" биау кодта.

"Æхсæнады хъуыдис раздзог æмæ сæм "Ирон фæндыр" куы фæзынд, уæд уый ирон æхсæнадæн уыд куыд раздзог æмæ сæ баиу кодта", - загъта Гæбæраты Фатимæ.

Фатимæйы нæхæстæм гæсгæ, ирон æвзаг хорз уавæры нæй, уымæн æмæ ныййарджытæ сæ сабитæм нал дзурынц мадæлон æвзагыл.

"Ныййарджыты куы бафæрсын, дæ сывæллон йæ мадæлон æвзаг цæуылнæ зоны, зæгъгæ, уæд мын сдзуапп кæнынц, ома мультфильмтæм кæсы æмæ уый тыххæй", - бафиппайдта ахуыргæнæг.

Гæбæраты Фатимæ куыд банысан, кодта уымæ гæсгæ Абайты Уасо дæр бинонты хайбавæрдæн стыр нысаниуæг дæтта æвзаджы райрæзты хъуыддаджы.

Ирон æвзаг хауы индоевропæйаг æвзæгты мыггагмæ æмæ у скифаг, сæрмæттаг æмæ алайнаг æвзæгты фæдон.

Ног хабӕртты лентӕ
0